Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады тыхты сæргълæууæг фембæлдис Сомихыстоны гарзджын тыхты хистæримæ
Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады тыхты сæргълæууæг фембæлдис Сомихыстоны гарзджын тыхты хистæримæ

Гуырдзыстоны  визитæй уыд  Сомихыстоны  гарзджын тыхты  генералон   штабы зистæр, инæлар-мйор  Эдуард  Асрян. Сомихаг коллегæйæн  сфысым кодта Гуырдзыстоны  хъахъхъæнынады тыхты  сæрдар,  инæлар-майор  Гиорги Матиашвили.

Размæ рацыды церемонийы  фæстæ, коллегæтæ  фембæлд ауагъдтой.

Инæлар-майор  Гиорги Матиашвили  Сомихыстоны гарзджын тыхты  хистæрæн  Гуырдзыстоны  хъахъхъæнынады тыхты  сæххæст реформæтæ æрзонгæ кодта. Афтæма  ныхас уыд æфсæддон ахуырады æрдгæй  æмгуыстад фæарфдæры  перспективæтыл.

Дыууæфарсон  фембæлды фæстæ инæлар-майор  Эдуард Асрян  Хъайтарты фæзыл  Гуырдзыстоны  территорион æнæхъæндзинадæн  фæмардуæвæг  æхсарджыты мемориалмæ дидингуытæ  бахаста  æмæ  хæстон архæйдтыты  фæмардуæвæг хæстонты  ном  ссардта.

Визиты фæлгæтты, Сомихыстоны гарзджын   тыхты  делегацийы уæнгтæ НАТО-Гуырдзыстоны ахуырты æмæ аргълæвæрды  иумæйаг  центр(JTEC)  æмæ сержантты академимæ дæр фæуазæг сты.