EBRD рауæлдай кодта, уæлрадон «Солидарондзинады пакет» иу миллиард евроййы бæрц, уый нымæцы Гуырдзыстонæн дæр
EBRD- иу миллиард евройы бæрц «Солиарондзинады пакет» рауæлдай кодта, уый нымæцы Гуырзыстонæн – уый тыххæй банысангонд у EBRD-ы хъусинаджы.
Афтæдæр сæ информацийæ, иумæйаг тыхархайд уыд финансты министры Иванэ Мачъаварианийы, EBRD-ы скæсæн Европæйы æмæ кавказы уагдæттæг директоры Матео Патронийы æмæ Кавказы регионалон диреткоры Катарина Бьорлин Хансены æхсæн сырæзт телефонон ныхасы сæйраг темæ.
EBRD- ы минæвæрттæ райхъусын кодтой, цæмæй банкъ рауæлдай кæндзæн финансдзинад бынæттон компанитæн æххуысæн коронавирусы апарахаты фæстиуджытимæ тох кæнынæн.
«Евроæпйы реконструкцийы æмæ рæзынады банкъ нæ бæстæйы æууæнкаг партнер у. Мах аргъ кæнæм уыцы цырд реакцийæн, кæцыйы банкъ ракодта Гуырдзыстонæн æххуысæн. EBRD-ы рауæлдайгонд финансон æххуыс, кæцы къухаразæг уыдзæн СOVID-19 глобалон быцæусидты тыххæй ифтонгггонд уа бæстæй экономикæйы стабилондзинад. Ныфс дарын, нæ æхсæнадæмон партнерты æххуысæй æмæ тыхархайдæй, Гуырдзыстоны экономикæ бахъом уа, амалуæвгæйæ къаддæр сæфтæй ратта дзуапп ацы шлобалон быцæусидтæн»- райхъусын кодта Иванэ Мачъавариани.
Матео Патрорни æвæрццаг аргъ скодта, EBRD-ы æмæ министрады æхсæн къуындæг æмкуысткæнынад æмæ уыцы къахдзæфтæ, кæцыты хицауад аразы кризисæн бафæразынæн.
Матео Патрони ноджы иу хатт сбæлвырд банкъы фидар хæсист бæстæйы экономикæйæн баххуыс кæнынæн, сæрмагондæй кризисы рæстæджы.
«Кризисты рæстæджы EBRD йæ æххуысы амæлттæ уæрæхдæр кæны. 2008 азы кризисы фæлтæрддзинад зæрдыл даргæйæ, банкъ баххуыс уыдзæн Гуырдзыстны финансон секторæн, конфликты æмæ глоблон рецессийы фоныл, банкъ сифтонг кæндзæн ликвидондзинады стыр дозæ банкъон секторæн.
Уый тыххæй цæмæй, Гуырдзыстны ног экномикон быцæусидты раз лæууы, EBRD-ы æххуыс йæ хъуыдыйы дары ахæм мадзæлттæ, цахæм дæр у æнæаргъæвгæ ликвидондзинад, кусæн капитал æмæ базарады финансдзинад. Банкъ æмкуыст кæны йæ рагон партнер коммерцион банкъытимæ, цæмæй йæ къух сараза хицæн секторæн, сæрмагондæй та лыстæг æмæ астæуккаг бизнесæн, цæмæй сын финансдзинад рæувадат скæна.
Уымæй уæлдай ма, фарсытæ æркастысты цалдæр проекты бакуыст батагъддæр кæныны фадæттæ кусæуæтты сæвзæрын кæнынæн. Дæнцæн банкъныр кусы ног программæйыл, цæмæй бæстæйы алы муниципалитетæн рæувадат уа фæхуыздæргонд инфраструктурæ. EBRD афтæдæр кусы электроифтнгады системæ фæхуыздæр кæныныл, ранæуæнгæнгæ энергийы гуырæнты секторæн дарддæр баххуыс кæнынæн.
EBRD акæнæг институцион ивестор у Гуырдзыстоны. Бæстæйы куыст райдаыны бонæй, банкъ 3.7 миллиард евройы бæрц инвестици сæххæст кодта 249 проекты – финансон, корпорацион æмæ энерго секторты, инвестициты 87 процент хауы хицæн сектормæ» – банысангонду EBRD-ы информацийы.