Джуаншер Бурчъуладзе – Алы партнер паддзахад, министериалы фæлгæтты банысан кодта, цæмæй Гуырдзыстонæн хъæуы фылдæр æххуыс æмæ конкретон къахдзæфтæ
Алы партнер паддзахад, министериалы фæлгæтты банысан кæны, цæмæй Гуырдзыстонæн хæъуы фылдæр фарсхæцын, фылдæр æххуыс æмæ конкретон къахдзæфтæ саразын – уый фæдыл Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады министр, Джуаншер Бурчъуладзе Брюсселы гуырдзиаг журналисттæн фехъусын кодта.
Куыд Джуаншер Бурчъуладзе банысан кодта, афтæмæй, иу афæдзы дæргъы Гуырдзыстон цыппар хатт уыдис хуыгд министериалмæ æмæ уый дыууæфарсон фембæлд æртæхатты ауагъдта НАТО-ы генералон нымæрдаримæ.
«Ауагъдатм дыууæыфарсон фембæлдтæ, партнертæ нын баныфсвæрдтой фарсхæцын. Нæй искæцы компонент, кæцыйы Гуырдзыстон цивилон дунейы интеграцийы аккаг мы уа. Æнæрмæст мах, фæлæ алы партнер паддзахад, министериалы фæлгæтты банысан кодтой, цæмæй Гуырдзыстонæн хъæуы фылдæр фасрхæцын, фылдæр æххуыс æмæ конкретон къахдзæфтæ саразын.
Генералон нымæрдар нæ цæстæгасимæ сразы ис регионы уæвæг æртхъирæны фæдыл. Бафаудтам,ц æмæй ноджы æнгомдæр ахастытæ нын уыдзæн НАТО-имæ, ранæуæг кæндзыстæм информаци, нæ рагысгарæг куыстытæ æнгом æмкуыст кæнынц нæ партнертимæ æмæ алчи разы у, цæмæй Гуырдзыстон у регионы иттæг нысаниуæгджын партнер. Æмтгæй зæгъгæйæ, зонут цы нысан ис «Рамштайны форматæн. Æркастыстæм уый, цæмæй цвæр æххуыс фæхæццæ ис партнертæй Украинамæ, уый, цæмæй цавæр цæттæдзинад ис Украинайæн фарс рахæцынæн. Ноджы иу хатт хахх кæнын, нæкæсгæ уымæ, цæмæй æфсæддон хотыхтæй нæ бон баххуыс кæнын нæу Украинайæн, уæддæр уыдыстæм аы форматы æмæ уый нодлжы иу хаххгонд у, ома Гуырдзыстон у цивилон дунейы æнæдихаг хай» – райхъусын кодта Джуаншер Бурчъуладзе.