Джуаншер Бурчъуладзе æмæ Теа Ахвледиани Шиндисы хъайтарты мемориалмæ дидингуытæ бахастой
Шиндисы хæсты азысæрмæ гæсгæ, Шиндисы уæвæг мемориалы цур 2008 азы Уæрæсе-Гуырдзыстоны хæсты рæстæджы хъæу Шиндисы цур хъайтаронæй мард гуырдзиаг æфсæддæттæн сæ ном ссардтой.
Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады министр Джуаншер Бурчъуладзе æмæ фидыды æмæ æмбæстагон æмсæрады фарстæты паддзахадон министр Тея Ахвледиани, Гуры, Шиндисы мемориалмæ дидингуытæ бахастой.
Уыцы бынат, цы ран 13 азы размæ 17 æфсæддон хъайтарта сæхи снывонд кодтой, цæрджытæ хæссынц дидингуытæ. Бынатыл сты Фæмардуæвджыты бинонтæ æмæ хæстæджытæ.
Уыимæ иумæ хъахъъхæнынады министр абон банысан кодта, цæмæй кæстæр сержант Александре Онианийæн, бæрзонддæр паддзахадон хорзæх, Гуырдзстоны националон хъайтары орден æрцыд лæвæрд.
Шиндисы хæст уыд 2008 азы 11 августы. Уырыссаг æфсæддон хайадимæ æнæмбæрц тыхтæй хæсты рæстæджы 17 гуырдзиаг æфсæддон амард – Александре Ониани, Эмзар Цъилосани, Вепхиа Джишкариани, Звиад Кацадзе, Теймураз Беридзе, Илиа Габуниа, Илиа Шехълашвили, Ираклий Джанелидзе, Каха Кошадзе, Леван Мелкадзе, Марлен Барамиа, Михеил Двалишвили, Николоз Порчхидзе, Роман Зоидзе, Руслан Цъуладзе, Феликс Какауридзе æмæ Шмаги Купатадзе.