Джозеп Борел -  Тæрхон кæнæм  финансон æххуысы фæурæдыл Гуырдзыстоны хицауадæн, параллелонæй  райрæзын кæндзыстæм æххуыс æмбæстагон дзыллæ æмæ медиайæн
Джозеп Борел - Тæрхон кæнæм финансон æххуысы фæурæдыл Гуырдзыстоны хицауадæн, параллелонæй райрæзын кæндзыстæм æххуыс æмбæстагон дзыллæ æмæ медиайæн

Уыдис нын  дебаттæ  Гуырдзыстоны тыххæй,  нырид фæдфæдыл  дыккæгæм хатт кæсæм  Гуырдзыстоны  мæтæфтауæг политикон  уавæр, уый нымæцы,  æромдзинады закъон, хъыгаг нын у, цæмæй  уыдис уæрæх  ахæлиугонд дезинформаци  Евроцæдисы æмæ йæ  хæзнатыл, кæцы хъуыстис официалон уæнгтæй, – уый фæдыл  Евроцæдисы  бæрзонддæр минæвар Джозеп Борел  райхъуын кодта.

Борел хъусын кæны, цæмæй  «æргомдзинады закон» æмæ йæ алыварс   уæвæг   æппæрццаг  айтынг  Гуырдзыстоны дард  æппары  Евроцæдисæй.

«Бæрзонд  гæстæй хъуыстам, цæмæй  ацы  закъон  хæстæг кæны  Евроцæдисимæ.  Фæнды  мæ тынг дырыс   зæгъын –  нæйы, нæйы  ацы  закон æмæ йæ алыварс  уæвæг æппæрццаг айтынг дард  лæууын кæны  Гуырдзыстоны  Евроцæдисæй. Фæлæ  ноджы  дырысдæр  уыдзынæн. Уый дард лæууын кæны  Гуырдзыстоны  Евроцæдисæй. Ацы  фидиуæнимæ разы сты  27-æй  26  уæнг бæстæ.  Нæй нæм æмуд ахаст, фæлæ  нæ  нæдæр хъæугæ кæны  уый уавæрæн политикон аргълæвæрды рæстæджы. Зонæм, цæмæй ацы  динамикæ йæ ныхмæ  у  гуырдзиаг адæмы фылдæры  айы фæндæн æмæ  абон министрты фылдæры хай   тынг  дырыс уыдысты, ома Гуырдзыстоны хицауад  бæстæ  Евроцæдисæй  дард лæууын кæны», – райхъсын кодта Борел.

Джозеп Борелы фидиуæнæй, «Хицауад зæгъгæ  кæд нæ фæивдзæн  йæ арзæйдтыты къурс, Гуырдзыстон  размæ нæ рацæудзæн Евроцæдисы фæндагыл».

«Параллелонæй  мах  райрæзын кæндзыстæм нæ фарсхæцын æмбæстагон дзыллæйы æмæ медийæн.  Йæ ныхмæ слæудзыстæм дезинформацийæ, райрæзын кæндзыстæм  фарсхæын   æвзарæнон  процессæн.  Бакуыстам кусæн вариант æмæ  дарддæр кæнæм  уавæры мониторинг, мадзæлтæ   хатдзæг кæнын. Фæкъаддæр кæндзыстæм  политикон контекст æмæ Гуырдзыстоны рæувадатдзинад,  æркæсдзыстæм   финансон æххуысы  фæурæд хицауадæн æмæ ногæй æркæсдзыстæм нæ æххуыс  Европæйы  сабырады фондæй.  Уый саразын æнæаргъæвгæйæ  дæр  ис гæнæн, фæлæ адарддæр кæндзыстæм уавæрмæ  кæсын æмæ рахæсдзыстæм фылдæр  мадзæлттæ уавæры  ноджы фæфыддæры   цауы.   Фæнды мæ  хаххгондæй  банысан кæнын, цæмæй мах, гуырдзиаг адæмы  фарсмæ, демократийы пайдайæн, сæ фылдæры æвзæрсты æмæ Евроцæдисы Гуырдзыстоны фидæны  фарсмæ лæууæм», –  райхъусын кодта Борел.

Уыимæ ма, Евроцæдисы бæрзонддæр минæвары дзырдæй, Европæйы   сабырады фондæй, Гуырдзыстоны фарсхæцыны план фæурæдæн нæ хъæуы  уæнг бæстæты æмуддзинад.

«Хицауадæн  финансон æххуысы фæурæд ахæм цыдæр у, кæцыйы  советы  дыууæ æртыккæгæм хайы  фарсхæцыны цауы,  комисси уый сыххæст кæны Европæйы  Сабырады Фондæй Гуырдзыстонæн фарсхæцыны план фæурæдæн нæ хъæуы  æмуддзинад. Æмуддзинад хъæуы  фарсхæцын раттынæн,  уый  фæурæдæн нæй.  Æмуддзинад гæнæн ис, бахъæуа æндæр фарстатæн, фæлæ ацы рæстæгмæ уыдоныл нырма  дарддæры   æркæсын хъæуы», –  райхуъсын кодта Борел.