Джозеп Борел – Гуырдзыстоны  уынаффæтæ  абон нæ уыдзæн, фæлæ цыбырæмгъуыдон перспективæйы  ис гæнæн мадзæлттæ скæнын, кæд хицауад  цы аразы уый  адарддæр кæндзæн, уæд дуар æрыхгæд уыдзæн
Джозеп Борел – Гуырдзыстоны уынаффæтæ абон нæ уыдзæн, фæлæ цыбырæмгъуыдон перспективæйы ис гæнæн мадзæлттæ скæнын, кæд хицауад цы аразы уый адарддæр кæндзæн, уæд дуар æрыхгæд уыдзæн

 

Гуырдзыстонæн Евроцæдисы  уæнгдзинады дуар гом у, фæлæ  хицауад кæд адарддæр кæндзæн  ерын цы аразы уый, уæд ацы  дуар  æрыхгæд уыдзæн, –  уый фæдыл  фæсарæн хъуыддæгты  æмæ æдадсзинады  политикæйы фарстаты  Евроцдæисы  бæрзонддæр  минæвар Джозеп Борел  Люксембургы, Евроцæдисы фæсарæн хъуыддæгты министериалы размæ журналситтæн загъта.

Борелы дзырдæй, зæгъгæ Гуырдзыстоны тыххæй  уынаффæтæ  абон нæ уыдзысты хаст.

«Гуырдзыстон нæм хъуамæ æрбайрох уа.   Хъавæм, æркæсын Гуырдзыстоны  уæвæг уавæр.  Иу  цыдæр у бæрæг, Гуырдзыстонæн уæнгдзщинад дуар гом у, фæлæ  кæд хицауад   ерын цы аразы  афтæ  адарддæр кæндзæн, уæд ацы дуар æрыхгæд уыдзæн æмæ уый  аргъ та  бафидын  тыхыбын уыдзæн гуырдзиаг адæм, зиан адæм бавзардзысты. Факт у, цæмæй Европаг перспективæ гæнæн ис  фæкъаддæр уа, кæнæ  сыхгæна.  Мах серьозон  фарстатыл  ныхас кæнæм, алцыппæт  афтæ куы адарддр уа, Евроцæдисы дуар гом нал уыдзæн.

Абон æз бавдисдзынæн документ министртæн, кæцыйы райхалдзынæн æндæр æмæ æндæр фарста, цы нæ бон у  саразы  цыбыр æмæ астæуккаг æмгъуыдон перспективæйы, цæмæй   афтæ мауа адарддæр уа Гуырдзыстоны.  Абон  уынаффæтæ  хаст нæ уыдзæн, уымæн æмæ  ориентацион  дебаттæ  сты.  Куыд загътон,  афтæ  фынгыл    сывæрдтон   æххæст анализ, цæмæй цæй саразын   у нæ бон æмæ уыдæттыл фæтæрхон кæндзысты министртæ.  Афтæмæй, абон ма æнхъæлмæ кæсут  конкретон уынаффæтæм, уый у  политикон ориентацийы дебаттæ, фæлæ  цыбырæмгъуыдон  перспективæйы  гæнæн ис  мадзæлттæ скæнын. Дæнцæн Европæйы  сабырадон  фонды фæрцы  фарсхæцын аскуынын кæнæ бæрзонд æмвæзады политикон  контактты  аскуыннын, финансон æххуысы  бæргæ хайы  баурæдыл  тæрхон, кæцы  комкоммæ  хицауадмæ цæуы. Мах нæ фæнды разнаггад кæнæм сабыр æмбæстгæтæн. Нæ нæ фæнды  рыст æрхассын адæмæн, фæлæ ис уынаффæтæ æмæ боны  кæрон  мæ бон уыдзæн зæгъын, цавæр уыд министрты  реакци мæ æнхъарæнтыл», –  райхъусын кодта Джозеп Борел.