Джозеп Борел æмæ Еврокомисси «Фæсарæйнаг æндæвдады æргомдзинады фæдыл» закъон райсты тыххæй фидиуæн публикаци кæнынц
Евроцæдисы бæрзонддæр минæвар Джозеп Борел æмæ Еврокомисси Гуырдзыстоны парламент «фæсарæйнаг æндæвдады æргомдзинады фæдыл» закъон кæй райста уый тыххæй фидиуæн публикаци кæнынц.
«Евроцæдисы йæ фарс дары гуырдзиаг адæмæн æмæ сæ æвзæрстæн демократийы æмæ Гуырдзыстоны Ервопаг фидæны пайдайæн. Нæрайсгæ сты æмбæстагон дзыллæйы минæвæртты, политикон лидерты æмæ журналистты, афтæма сæ бинонты тасы æфтауын, æртхъирæн æмæ физикъон æфхæрд. Нæ сидт Гуырдзыстоны хицауадмæ, ома ауадзæн фæдагуыр дацы документиргонд архæйдтытыл.
Европаг совет Гуырдзыстонæн ратта кандидат бæстæйы статус уымæ гæсгæйæ, ома 2023 азыæ 8 нояры Еврокомиссийы рекомендацийæ бæрæг æмбæлгæ фараст къахдзæф сараздзæн. Ацы къахдзæфтæ домынц, цæмæй адæймаджы бартæ уа хъахъхъæд æмæ æмбæстагон дзыллæйæн, афтæма медиайæн уа кусыны фадат, уыдон афтæдæр æххæссынц деполяризацийы хъæуындзинадмæ æмæ дезинформацийы ныхмæ тохæн.
Уымæ нæкæсгæ, æмæ стыр протесты æмæ æхсæнадæмон дзыллæйы æрдгæй иунысанон сидтытæм нæкæсгæ, Гуырдзыстоны хицауады фæткдæттæг фылдæры хай парламенты æртыккаг хъусынæй райста закъон «фæсарæйнаг æндæвдады æргомдзинады фæдыл». Евроцæдис дырыс æмæ æнæиухатт загъта, цæмæй закъоны апп не мбæлы Евроцæдисы сæйраг нормæтæм æмæ хæзнатæм. Уый йæ бын ракъахдзæн æмбæстагон дзыллæйæн æмæ хæдбар медиайы куыстæн. Ацы рæстæджы та æмбырды сæрибардзинад æмæ дзырды сæрибар сты фундаментон бартæ, кæцытæ бындурæй сты Гуырдзыстоны хæсистытæн ассоциацидзинады бадзырды æмæ Евроцæдисы уæнгсуæвыны фæндаджы фæлгæтты.
Ацы закълоны райст ппæрццагæй фæзындзæн Евроцæдисмæ фæндагыл Гуырдзыстоны прогрессыл. Размæцыдимæ баст æвзæрст Гуырдзыстонæн йæ къухты ис. Нæ сидт Гуырдзыстоны хицауадмæ у, фæстæмæ ахонæт закъон, бахъахъхъæнæнт Евроцæдисы фæндагимæ иузæрдыгдзинад æмæ размæ рахæцæд æнæмæнгхæъугæ рефомæтæ кæцытæ деталонæйс сты фыст фараст къахдзæфы.
Евроцæдис цæттæ у, адарддæр кæна гуырдзиæгтæн фарсхæцын, чидæриддæр европаг фидæнмæ тырнынц» – дзырдæуы фидиуæны.