Джорджиайы штаты губернатор – Гуырдзыстонимæ нын диссаджы партнерад ис дæсгай азты дæргъы
Джорджиайы штаты губернатор Брайан Кемп фыццаг америкаг губернатор у кæцы Гуырдзыстонмæ æрцыд официалон визитæй, – фæнысангонды фæдыл Гуырдзыстоны АИШ-ы минæварад «Фейсбукы» фарсыл фыссы.
Минæварады куыд хъусын кæнынц афтæмæй, Джорджиайы штат, сæрмагондæй та йæ националон гварди дæсгай азты дæргъы, Гуырдзыстоны хæстæг партнертæ сты, ахуыр æмæ службæ кæнынц иумæ.
«Губернатор Кемпæн сæрмагондæй æхсызгон уыд Цъилканы АИШ-ы æфсæддон æххуысæй арызт аудындзинадцух карджынты цæрæн ран байгом кæнын. Ацы проект дыссаджы цæвиттон у, цæмæй куыд бирæфарсон у нæ дыууæ бæстæйы æмгуыстад æмæ цæй саразын нæ бон у иумæйаг тыхтæй», – фыссы минæварад.
Уыимæ Джорджиайы штаты губернатор Брайан Кемпы фидиуæнæй, Цъилканы аудындзинадцух карджынты цæрæндон байгомæй бæрæг у, цæмæй АИШ-ы æмæ Гуырдзыстонæн иумæйаг хæзантæ ис.
«Мах æххуыс кæнæм Гуырдзыстоны хицауадæн æмæ Гуырдзыстоны цæрджытæн сæрмагондæй хæцæм сæ фарс, кæцыйы америкаг æфсæддæттæ æмæ Гуырдзыстоны националон гварди ам рагæй аразынц. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, уый хæсдзинад. Бæрæг у, ам адæм æмбарынц геополитикæ, цы уавæр дунейы ерын, АИШ-ы хайад æмæ кæй зæгъын æй хъæуы, хæст Украинайы. Бæрæг у, Гуырдзыстоны цæрджытæ æмбарынц цы уавæры сты украинæгтæ. Растдæр уый тыххæй нысаниуæгджын у, кæй дарддæр кæнæм ахæм диссаджы партнерад АИШ-ы Джорджиайы Штаты æмæ Гуырдзыстоны æхсæн», – райхъусын кодта Джорджиайы штаты губернатор.