Джон Хили – Хæстæн кæрон скæнæн ис æрмæстдæр дипломатийæ, фæлæ æппæт дæр аразгæ у, Путин цы зæгъы, уый æххæст кæны æви нæ
Джон Хили – Хæстæн кæрон скæнæн ис æрмæстдæр дипломатийæ, фæлæ æппæт дæр аразгæ у, Путин цы зæгъы, уый æххæст кæны æви нæ

«Дональд Трамп æмæ Владимир Путины фембæлд нысаниуæгджын фыццаг къахдзæф у» – райхъусын кодта Стыр Британийы хъахъхъæнынады минситр Джон Хили.

Йæ ныхасмæ гæсгæ, хæстытæн кæрон æрмæстдæр дипломатийы фæрцы ис гæнæн æмæ уый æрмæстдæр уæд сырæздзæн, дыууæ фарсы ныхас кæнын куы райдайой.

“Фæстагмæ, хæстытæн сæ бон у æрмæстдæр дипломатийы фæрцы фæуын, æмæ уыдон фæуыдзысты æрмæстдæр уæд, дыууæ фарсы куы ныхас кæной – ацы цауы, президент Трампы фæрцы, ахæм хуызы, кæцыйы æрмæстдæр уый зоны ныхас кæнын. Уæдæ мæ ныфс ис, абон мах кæй фендзыстæм уыцы ныхасы райдайæн. Мах фендзыстæм, президент Путин æппынфæстаг йæ ныфс кæй сæххæст кæндзæн, уымæн æмæ фæстаг æхсæз мæйы дæргъы уый цыппар хатты загъта, цæмæй йæ фæнды сабырдзинад!” Джон Хили загъта.

Уыимæ иумæ, Стыр Британийы хихъахъæнады нымæрдар бахахх кодта, цæмæй Украинайы фæдыл уынаффæтæ райсын æнæ Украинæ йæхæдæг нæй гæнæн.

«Фарст цæуы Путиныл æндæвдад æвæрыныл. Фæстагмæ, цыфæнды ныхас дæр, се æхсæн Аляскæйы цæуæг бадзырдтæ æмæ уыдонæй дарддæр, баст сты Путиныл, цæмæй цы дзуры, уый æххæст кæна. Путин, йæхæдæг куыд дзуры, афтæмæй цæттæ у сабырдзинадмæ? Æмæ фæстæмæ здæхдзæн хæстæй, кæцы Украинæйы æртæ æмæ æрдæг азы дæргъы уадзы? – загътаДжон Хил .