ДжоБайден – Зеленскийæ райстон фидар гаранти, цæмæй уыдон «Ф-16»-æй Уæрæсейы географион территоримæ бырстæн не спайда кæндзысты
АИШ-ы президент Джо Байден хъусын кæны, цæмæй президент Зеленски йын ратта фидар гаранти, ома «Ф-16» типы хæдтæхджытæй не спайда кæндзысты Уæрæсейы географион территоримæ бырстыл. Уый фæдыл Джо байден Японийы горæт Хиросимайы «Стыр Авды» саммиты фæуды фæстæ лæвæрд хатддзæгæгæнн пресс-конференцийыл райхъусын кодта.
Джо Байдены журналист бафарста, зæгъгæ «Ф-16»-ы Украинайæн алæвæрд, хæсты эскалаци нæ расайдзæн?
«Зеленскийæ мæм уыдис фидар гаранти, цæмæй уыдон «Ф-16»-æй не спайда кæндзысты Уæрæсейы географион территорийыл. Фæлæ Украинайы уæвæг Уæрæсейы хайадты скуынæг кæнын сæ бон уыдзæн» – райхъусын кодта Байден.
Уæдмæ АИШ-ы президент райхъусын кодта, цæмæй Вашингтон «Хæстон хæдтæхджыты коалицимæ» баиу уыдзæн, кæцы украинаг пилоттæн цыппæрæм фæлтæры куынæггæнджыты, сæ нымæцы «Ф-16»-æй архайыны сахуыр кæндзæн. Уыимæ АИШ-ы президент Джо Байден сразы ис æртыккаг бæстæтæй Украинайæн америкаг уагъхд «Ф-16»-ы типы куынæггæнджыты алæвæрдимæ.