Джо Байден – Владимир Путин хъуыды кодта, цæмæй ныббырстаит Украинамæ æмæ фæдæлгом кодтаит Дуне, уый бæсты йыл амбæлдис тыхы сис, йæ размæ йын рацыд украинаг адæм
Æхсæз боны размæ Уæрæсейы президент, Владимир Путин ахъуыды кодта, ома банкъуысын кодтаит Сæрибар Дунейы бындур, æнхъæлдта, цæмæй йæ ртхъирæнты фæрцы зонгуытыл слæууын кодтаит, фæлæ тыхджын фæрæдыд – уый фæдыл АИШ-ы президент, Джо Байден Конгрессы æрвылазон дзырдæй ралæуды рæстæджы райхъусын кодта.
Байдены дзырдæй, Путин зæгъгæ хъуыды кодта, цæмæй ныббырстаит Украинамæ æмæ Дуне фæдæлгом кодтаит уымæй.
«Уый бæсты, йыл амбæлд тыхы сис, кæцыйы æнхъæл никуы уыд, уымæн йæ разы слæууыд украинаг адæм. Президент Зеленски æмæ алы украинаг, сæ хъæбатырдзинад, хсардзинад æмæ хъæддыхдзинад тæлмæн скодта æппæт Дунейы. Æмбæстгты къордтæ блокировкæ кæнынц, уромынц сæрмагонд буæрттæй, алчи – студенттæй райдайгæ, пенсионертæ æмæ ахуыргæнджытæ дæр, алчи фестадысты хæцджытæй æмæ хæцынц сæрмагонд фыдыбæстæйы сæрыл. Ацы хæсты, президент Зеленски куыд загъта Европаламенты дзырдæй ралæуды рæстæджы, афтæмæй зæгъгæ рухс асæтдзнæн тар.
Абон махимæ иумæ иу Укранайы минæвар, кæцы бады фыццаг ледийы фарсмæ. Цæй ма алчи, нæ къæхтыл слæууæм ацы палатæйы æмæ нæсайгæ сигнал арвитæм Украинайæн æмæ Æппæт Дунейæн. АИШ-æ Украинайы адæмы фарсмæ лæууы», – райхъусын кодта Байден.
Афтæма йæ дзырдæй, зæгъгæ диктатортæй дзуапп куы ничи рдомы сæ агрессийы тыххæй, уыдон стæй фылдæр хаос æвзæрын кæнынц.
«Нæ историйы дæргъы сахур кодтам ацы хабар – диктатортæй дзуапп куы ничи рдомы сæ агрессийы тыххæй, уыдон стæй фылдæр хаос æвзæрын кæнынц. Даддæр кæнынц сæ цыд. Америкæ æмæ Дунейы раз аргъ æмæ æртхъирæнтæ рæзынц. Растдæр уый тыххæй арызт уыд НАТО-ы альянс, цæмæй Европæйы Дыккаг Дунеон хæсты фæстæ сабырдзинад æмæ стабилондзинад æрфидар уыдаит. 29 æндæр бæстæимæ иумæ йæ уæнг у АИШ-æ дæр. Уый у нысаниуæгджын, америкаг дипломати у нысаниуæгджын, Америкæйы хъæддыхдзинад у нысаниуæгджын.
Путины хæст уыдис рагафон плангонд æмæ йын нæ уыд расайæг аххосæгтæ. Уый нæзагъд ракодта дипломатон тыхархайдыл. Æнхъæлдта, цæмæй ныгуылæн æмæ НАТО йын дзуап раттын сæ ныфс нæ бахастаиккой æмæ йæ бон бауыдаит мах нæ кæрæдзийæ фæхицæнтæ кæнын ам ацы палатайы, ацы бæстæйы æмæ афтæдæр Европæйы. Путин фæрæдыди. Мах цæттæ уыдыстæм. Иугонд стæм æмæ иугонд баззайдзыстæм», – райхъусын кодта Байден.