Джо Байден – Владимир Путин хъуыды кодта, цæмæй   ныббырстаит  Украинамæ  æмæ  фæдæлгом кодтаит Дуне, уый бæсты йыл амбæлдис  тыхы  сис, йæ размæ  йын рацыд украинаг адæм
Джо Байден – Владимир Путин хъуыды кодта, цæмæй ныббырстаит Украинамæ æмæ фæдæлгом кодтаит Дуне, уый бæсты йыл амбæлдис тыхы сис, йæ размæ йын рацыд украинаг адæм

Æхсæз боны размæ Уæрæсейы президент, Владимир Путин  ахъуыды кодта,  ома  банкъуысын кодтаит Сæрибар Дунейы бындур,  æнхъæлдта, цæмæй  йæ  ртхъирæнты фæрцы зонгуытыл  слæууын  кодтаит, фæлæ  тыхджын фæрæдыд – уый фæдыл  АИШ-ы президент, Джо Байден   Конгрессы  æрвылазон  дзырдæй  ралæуды рæстæджы  райхъусын кодта.

Байдены дзырдæй,   Путин зæгъгæ хъуыды  кодта, цæмæй  ныббырстаит Украинамæ æмæ Дуне  фæдæлгом кодтаит уымæй.

«Уый бæсты, йыл амбæлд  тыхы  сис,  кæцыйы æнхъæл никуы  уыд,  уымæн йæ разы  слæууыд украинаг адæм.   Президент Зеленски æмæ  алы  украинаг, сæ хъæбатырдзинад, хсардзинад æмæ   хъæддыхдзинад  тæлмæн скодта  æппæт Дунейы. Æмбæстгты  къордтæ  блокировкæ  кæнынц,  уромынц  сæрмагонд  буæрттæй, алчи –  студенттæй  райдайгæ,  пенсионертæ æмæ  ахуыргæнджытæ дæр,  алчи фестадысты  хæцджытæй æмæ  хæцынц  сæрмагонд  фыдыбæстæйы  сæрыл.  Ацы хæсты, президент Зеленски куыд загъта  Европаламенты  дзырдæй ралæуды  рæстæджы, афтæмæй  зæгъгæ рухс  асæтдзнæн тар.

Абон  махимæ  иумæ  иу  Укранайы  минæвар, кæцы   бады  фыццаг  ледийы фарсмæ. Цæй ма  алчи, нæ  къæхтыл слæууæм ацы палатæйы  æмæ нæсайгæ сигнал арвитæм   Украинайæн  æмæ Æппæт Дунейæн.  АИШ-æ  Украинайы адæмы фарсмæ лæууы», – райхъусын кодта Байден.

Афтæма йæ дзырдæй,   зæгъгæ диктатортæй дзуапп куы ничи рдомы сæ агрессийы тыххæй,  уыдон  стæй  фылдæр хаос  æвзæрын кæнынц.

«Нæ историйы дæргъы  сахур кодтам ацы  хабар –  диктатортæй  дзуапп куы ничи рдомы  сæ агрессийы  тыххæй,   уыдон   стæй  фылдæр хаос  æвзæрын кæнынц. Даддæр кæнынц  сæ цыд. Америкæ æмæ Дунейы раз  аргъ æмæ  æртхъирæнтæ  рæзынц.  Растдæр уый тыххæй арызт уыд НАТО-ы альянс, цæмæй Европæйы  Дыккаг Дунеон хæсты фæстæ  сабырдзинад æмæ стабилондзинад  æрфидар  уыдаит.  29 æндæр  бæстæимæ иумæ  йæ  уæнг у АИШ-æ дæр.  Уый  у  нысаниуæгджын, америкаг дипломати у  нысаниуæгджын, Америкæйы  хъæддыхдзинад у нысаниуæгджын.

Путины  хæст уыдис  рагафон плангонд æмæ  йын нæ  уыд расайæг аххосæгтæ.  Уый  нæзагъд ракодта дипломатон тыхархайдыл. Æнхъæлдта, цæмæй  ныгуылæн æмæ НАТО  йын  дзуап раттын сæ ныфс нæ бахастаиккой  æмæ йæ  бон   бауыдаит  мах  нæ кæрæдзийæ  фæхицæнтæ кæнын  ам  ацы палатайы, ацы  бæстæйы æмæ афтæдæр Европæйы.  Путин фæрæдыди. Мах цæттæ уыдыстæм. Иугонд стæм æмæ   иугонд баззайдзыстæм», – райхъусын кодта Байден.