Джо Байден -  Путин æнхъæлдта, цæмæй  Украина  æдых уыдис, ныгуылæн  та – иппæрд,  не нхъæлын ныр афтæ  хъуыды кæнит,  иу афæдзы фæстæ  былвырдгæнæн ам ис,  ацы уаты, иумæ лæууæм
Джо Байден - Путин æнхъæлдта, цæмæй Украина æдых уыдис, ныгуылæн та – иппæрд, не нхъæлын ныр афтæ хъуыды кæнит, иу афæдзы фæстæ былвырдгæнæн ам ис, ацы уаты, иумæ лæууæм

Украинаг   адæм равдыста уый, кæцыйы равдисын уæдмæ  историйы  дæргъы   цъус  исчи  бафæрæзта, – уый  фæдыл  Америкæйы Иугонд Штатты   президент Джо Байден, Киевы, Украинайы  президентимæ, Володимир Зеленскиимæ  фембæлдыл райхъусын кодта.

Джо Байдены  дзырдæй,   зæгъгæ Украинамæ  йæ визит нысаниуæгджын уыд, цæмæй, АИШ-ы  æрдгæй Украинайæн  æххуысы фæдыл гуырысхо ма фæзындаит.

«Дзæбæх у Киевмæ æрыздæхын. Хъуыды  кодтон, уый критиконæй нысаниуæгджын уыд, цæмæй ма  уыдаит  исты  гуырысхо, Америкæйы æрдгæй Украинайæн фарсхæцыны фæдыл. Украинаг адæм равдыста уый, кæцыйы равдисын уæдмæ  историйы  дæргъы   цъус  исчи  бафæрæзта.  Нæкæсгæ  хуъыдыты хъауджыдзинадмæ, кæцы  нын Конгрессы ис æндæр æмæ æндæр  фарстайы  фæдыл, махæн ис тынг ахсджиаг бадзырд  Украинайæн  фарсхæцыны фæдыл.  Нæ  дзурæм æрмæст Украинайы  сæрибардзинадыл,  ныхас кæнæм сæрибардзинад æмæ  демократийыл уæрæх   масштабæй», –  райхъусын кодта  Джо Байден.

Йæ  дзырдæй, зæгъгæ Уæрæсейы æрдгæй  хæстон архæйдтыты   райдаынæй иу афæдзы фæстæ  дæр Киев  саст нæ баййæфта.

«Сымах мын загътат цæмæй нæ зыдтат, кæд  нын бантыстаит  ноджы  ныхас кæнын. Иу афæдзы размæ, уыцы æмыр æхсæв  Дуне фактонæй,  цæттæ  кодта  Киевы састмæ.  Иу афæдзы фæстæ  та Киев  лæууы, Украина лæууы æмæ Демократи лæууы.  Америкæ æмæ æнæхъæн Дунейæ  уæ фарсмæ  стæм» – райхъусын кодта Джо Байден.

Йæ дзырдæй,  зæгъгæ Путин æнхъæлдта,ц æмæй  Украина уыдис лæмæгъ, ныгуылæн та –  иппæрд.

«Уый æнхъæлдта, цæмæй  нын  бафæрæзтаит. Не нхъæлын, цæмæй  ныр афтæ хъуыд кæны. Уый хуымæтæгæй фæрæдыди. Иу афæдзы фæстæ  бæлвырдгæнæн ис ам, ацы  уаты. Ам иумæ  лæууæм», – банысан кодта Джо Байден.