Джо Байден – «Хамас» æмæ Путин сты æндæр æмæ æндæр тæссагдзинæдты хæссæг, фæлæ уыдонæн ис иумæйаг, диууæйы фæндон дæр у бабын кæной сыхаг демократи
Джо Байден – «Хамас» æмæ Путин сты æндæр æмæ æндæр тæссагдзинæдты хæссæг, фæлæ уыдонæн ис иумæйаг, диууæйы фæндон дæр у бабын кæной сыхаг демократи

Джо Байден –«Хамас» æмæ Путин сты æндæр æмæ æндæр тæссагдзинæдты хæссæг, фæлæ уыдонæн ис иумæйаг, диууæйы фæндон дæр у бабын кæной сыхаг демократи.

Уый фæдыл АИШ-ы президент йæ фидиуæны расидтис.

Президент Байдены ныхасмæ гæсгæ, Украина æмæ Израилы æнтыстдзинад нысаниуæгджын у Америкайы националон æдасдзинадæн.

«Хуымæтæг у, ис фарста æмæ мын раттут бар, сбæлвырд кæнон, цæмæн у уый нысаниуæгджын Америкайæн. Украина æмæ Израилы æнтыстдзинад тынг нысаниуæгджын у Америкайы националон æдасдзинадæн, мах куы нæ фæуромæм Путины, уæд уый æрмæст Украинайы фæлгæттыл нæ æруромдзæн», – сиды Джо Байден.

АИШ-ы президенты ныхасмæ гæсгæ, уый план кæны Конгрессмæ арвита æнæаргъæвгæ бюджеты æркуырд Украина æмæ Израилы фарсылхæцындзинадæн.