АИШ-ы президент Джо Байден Израилмæ æртыццæджы фæуазæг уыдзæн – уый фæдыл АИШ-ы паддзахадон нымæрдар Энтони Блинкен райхъусын кодта. «Израилмæ визиты рæстæджы Байден райсдзæн æппæтылæххæссæг информаци хæсты нысæнтты æмæ стратегийы фæдыл», – банысан кодта Блинкен.
Паддзахадон нымæрдары фидиуæнæй, Байден Израилы æрдгæй байхъусдзæн, куыд ауадздзæн операци афтæ, цæмæй минимуммæ æркæна сабырадон æрджыты æхсæн амæттаг æмæ гуманитарон æххуыс фæхæццæ уа палестинаг сабырадон цæрджытæм Газæйы секторы.