Джо Байден – иумæ лæууæм Гуырдзыстоны евроатлантикон тыгъдады уæнгсуæвынæн, АИШ дарддæр кæны Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн фарсхæцын
Мах лæууæм Гуырдзыстоны евроатлантикон тыгъдады уæнгсуæвынæн, кæцыйы хъыдыйы дард цæуынц НАТО æмæ Ервоцæдисы æрдæм къахлдзæфтæ, – уый фæдыл Гуырдзыстоны хæдбарады боны фæдыл, АИШ-ы президент Джо Байдены фыстæджы дзырдæуы, кæцыйы уый Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвилийæн рарвыста.
Байден куыд банысан кодта афтæмæй, «АИШ дарддæр кæны Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн фарсхæцын æмæ Уæрæсейы агрессийы ныхмæ Гуырдзыстонæн йæ фарсмæ лæудзæн».
«Америкаг адæмы номæй, сымах æмæ гуырдзиаг адæмæн, кæцы хæдбарады бон бæрæгбон кæны, сеппæтæй хуыздæры арфæтæ дзуры мæ зæрдæ. Гуырдзыстоны æмæ АИШ-ы æмгуыстад нырид æртæ дæсой азæй фылдæр у цы дарддæр кæны æмæ уый ахъаззаг у регионы æмæ Дунейы масштабæй сабырдзинады æмæ фарны æрфидар кæнынæн. Ацы дыууæ бæстæйы адæмтæн кæрæдзииммæ æнæцудгæ, фидар бастдзинад ис, кæцы сæвзæрдис нæ адæмты кæрæдзиимæ комкоммæ ахастытæ æмæ иумæиаг хæзнаты бындурыл, сæ нымæцы демократийы æмæ закъоны сæйрагдзинад. Иумæ лæууæм Гуырдзыстоны евроатлантикон тыгъдадмæ интеграцийæн, кæцыйы хуъыдыый дард цæуынц НАТО æмæ Евроцæдисы æрдæм къахдзæфтæ. АИШ дарддæр кæны Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн фарсдарын æмæ Уæрæсейы агрессийы ныхмæ Гуырдзыстонæн йæ фарсмæ лæуудзæн. Иннæ азты æнхъæлмæ кæсын Гуырдзыстоны æмæ АИШ-ы æхсæн уæвæг партнерады стынгдæр кæнынмæ, цæмæй ноджы хуыздæр хъахъхъæд æмæ ифтонггонд фидæн сæвзæрын кæнæм нæ адæмтæн», – банысангонд у Джо Байдены фыстæджы, кæцыйы публикаци скодта Саломэ Зурабишвили.