Джо Байден  æвзæрстгæнджытæм баздæхт - Уырнæт нæ, мах æнæмæнгæй  фæуæлахиз уыдзыстæм ацы æвзæрстыты
Джо Байден æвзæрстгæнджытæм баздæхт - Уырнæт нæ, мах æнæмæнгæй фæуæлахиз уыдзыстæм ацы æвзæрстыты

«Демократон Партийы»   президенттæм кандидат  Джо Байден  Делаверы æвзæрстгæнджытæм баздæхт.

«Зыдтам цæмæй   уыдаит  дæргъвæтин процесс,  фæлæ чи  зоны  гæнæн ис  сæумæрайсоммæ  кæнæ та  уымæй  фылдæр рæстæг аххæсса, фæлæ  райсгæ  фæстиуæгы тыххæй  тынг дзæбæх  æнкъарæм нæхи.  Уырны нæ, цæмæй  ацы  æвзæрстыты фæуæлахзиы фæндагыл лæууæм.  Зонæм цæмæй   постæй   схъæлæс кæныны  прецедент  цæмæн нæй  ахæм   процедурæйæн хъæуы  рæстæг,  фæлæ  быхсгæ хъуамæ  уæм, цалынмæ  хъæлæсты бахыгъд  нæ  фæуыдзæн уæдмæ.  Нæ зæрдыл хъуамæ дарæм, цæмæй фæйнæ  хъæлæс, фæйнæ  бюллетен сты  иттæг нысаниуæгджын» –  райхъусын кодта Джо Байден.

Джо Байдены  дзырдæй,  зæгхгæ уый æвзæрстыты  фæстиуджытæм   оптимистонæй кæсы.

«Уырнæт нæ, мæ хæлæрттæ, мах æнæмæнгæй  фæуæлахиз уыдзыстæм ацы æвзæрстыты» –   хъусын кæны  Байден.