Джеймс Аппатурайи - Афæдзон национаон программæйæ, Гуырдзыстон, НАТО-имæ æмахасты тынг фæразæй ис Босниа-Герцоговинæйæ
Гуырдзыстоны тыххæй НАТО-йы активонæй тæрхон кæнынц. Тæрхон кæнæм, куыд фæтыхджындæр кæнæм практикон æххуыс – уый фæдыл Хуссар Кавказ æмæ Централон Азийы НАТО-ы инæларон нымæрдары специалон минæвар Джеймс Аппатурайи Фыццаг Къаналæн загъта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, афæдзон программæйæ Гуырдзыстон НАТО-имæ ахастыты æрдæм, бирæ æнтыстджындæр æмæ фылдæр размæцыд у, Босниа-Герцоговинаимæ абаргæйæ.Джеймс Аппатурайи афтæдæр банысан кодта, ома НАТО-ы аспирант бæстæты кæрæдзиимæ барын нæхъуаджы у æмæ фæндоны цауы дæр тынг зын уыдзæн.
«Æрхæсдзынæн уын иу дæнц. Кæд НАТО-йы уæнг бæстæтæ аскуыддзаг кæндзысты, цæмæй алы аууæлттæ ис Босниа-Герцоговинæйæн уæнгдзинады архайадон планы скусын кæнынæн, уæд, цæй ма, зæгъæм цы нысан кæны уый. Уымæй бæрæг у, æмæй хъуамæ райдайой афæдзон националон программæйы æххæст кæнын. Афæдзон программæ Гуырдзыстонмæ ныридæгæн ис, кусы æмæ йын æнцой дарæм.
Аспирантты кæрæдзиимæ сбарын гæнæн нæй. Афæдзон национаон программæйæ Гуырдзыстон НАТО-имæ æмахасты тынг фæразæй ис Босниа-Герцоговинæйæ. Гуырдзыстоны тыххæй НАТО-йы активонæй тæрхон кæнынц. Тæрхон кæнæм, куыд фæтыхджындæр кæнæм практикон æххуыс, фылдæр конкретонæй та дæнцæн, Сау Денджызы æдасдзинады срæвдз кæныны фарсты. Ай та нысан кæны, цæмæй уыдзæн фылдæр консультацитæ, практикон æмгуыстад æмæ æххуыс.
Гуырдзыстонмæ фидæны уæнгсуæвынæн алы хъæугæ механизм ис. Ныр та сæ хъуамæ спайда кæнæм. Уæнг бæстæтæ разы сты, ома Гуырдзыстоны хицауад механизмтæй макисмалонæй пайда кæны. Уæнг бæстæты фæнды гом дуары политикæйы æркæсын. Фæнды сæ цæмæй аспиранттæ раразмæ уой. Цы нысан кæны уый æмæ цавæр конкретон уынаффæтæй фæбæрæг уыдзæн, кæнæ кæд æрцæудзысты хаст ацы уынаффæтæ, уый развæлгъау зæгъын мæ бон нæу. Фæлæ факт у ахæм, æмæ гом дуары политикъæйы фæдыл тæрхон, раззаг азтæм абаргæйæ тынг активонæй цæуы» – загъта Джеймс Аппатурайи.
27 апрелы НАТО-йы министериалыл уæгат-алантикон альянсы аспирант бæстæты прогрес æркæсдзысты. Министериалы сæраг темæ у организацийы гом дуары политикæ.