Джейк Салливан – уырнæг дæн, Украинайæн æххуысы пакетыл  фидар дыууæпартион  разыдзинад райсдзыстæм
Джейк Салливан – уырнæг дæн, Украинайæн æххуысы пакетыл фидар дыууæпартион разыдзинад райсдзыстæм

Националон æдасдзинады фарстаты АИШ-ы президенты  уынаффæгæнæг  Джейк  Салливан  хъусын кæны, цæмæй   АИШ Украинайæн æххуыс адарддæр кæндзæн.  Фæнысангонды фæдыл фидиуæн уый Киевмæ визиты рæстæджы сарызта.

Салливан  куыд  банысан кодта афтæмæй, Конгрессы урæд  æххуысы пакет   Украинамæ  æнæмæнгæй фæхæццæ  уыдзæн, фæлæ  арвитыны  дырыс рæстæг   не  сконкрет  кодта.

Уыимæ  йæ  дзырдæй,   зæгъгæ ног планы  бакуысын æнæмæнгхъæугæ нæу.

«Уырнæг дæн,  фыццагон   планыл æрныхас кæндзыстæм.   Нæ  палатæйы фидар  дыууæпартион  разыдзинад нын уыдзæн Украинайæн   æххуысы пакетыл» – банысан кодта  Салливан æмæ ма бафтыдта,ц æмæй  процесс  тынг  ныддаргъ ис.

Националон æдадсзинады фарстаты  АИШ-ы  президенты уынаффæгæнæгы фидиуæнæй,  зæгъгæ Джо Байден  алцыппæт  аразы цæмæй  сенаты æрдгæй  Украинайæн  фидаргонд 60 миллиард доллары бæрц æххуыс, минæвæртты  палатæйы дæр сбæлвырд уа.