Джейк Салливан – Газæйы секторы конфликты эскалацийы, цæгаты дыккаг фронты байгомы æмæ Ираны баиу кæныны риск ис
Ис Газæйы секторы каонфликты эскалацийы риск, цæгатæй дыккаг фронты байгомы æмæ цæй зæгъын æй хъæуы Ираны хæстмæ рахизыны риск- уый фæдыл националон æдасдзинады фарстаты АИШ-ы президенты уынаффæгæнæг Джейк Салливан райхъусын кодта.
Салливаны дзырдæй, зæгъгæ растдæр конфликты эскалацийы тасы тыххæй рахаста АИШ –ы президент Джо Байден хурыскæсæн Зæххастæуденджызгæронмæ авиаласæгы арвитыны уынаффæ.
«Мах сагхъæсгæнæг стæм марионтон тыхтæй. Ливайнаг «Хезбола» Ираны марионетон тых уым ис – бырстытæ Израилы цæгат арæнмæ нысаниуæгджын æфсæддон фæрæзтæй æмæ Израилы паддзахадмæ бырсты историйæ. Æцæгæй, фæстаг цалдæр боны дæргъы федтам бырстытæ цæгат арæнмæ, кæцы æрмæстдæр рæзын кæны эскалацийы риск. Мах нæ цух уый цæмæй Иран исты хуызæй комкоммæ баиу уа быцæуæмбæлдмæ, хъуамæ бацæттæ уæм алы гæнæн уавæрмæ» – райхъусын кодта Салливан.