Дыууæ аздзыд сывæллонмæ тыхдзинады аххосагæй, Тбилисы æрцахстой сывæллонгæс сылгоймагы
Дыууæ аздзыд сывæллонмæ тыхдзинады аххосагæй, Тбилисы æрцахстой сывæллонгæс сылгоймагы

Мидхъуыддæгты министрады  Тбилисы  пъæлицæйы  департаменты  æнахъомты хъуыддæгты  сæйраг уагдоны кусджытæ,  оперативон –агурæн  æмæ фæдагурæн   архæйдты  фæстиуæгæн, æнахъоммæ тыхмидзинады  аххосæй, 1973  азы  гуырд   Л.Л.-ы  Тбилисы æрцахстой.  Информацийы  хуъсын кæны  МХМ.

«Фæдагуырдæй  фæбæрæг ис, цæмæй  зылынмæ лæвæрд  Тбилисы,  иуæй-иу  хæдзары бинонтæм куыста  сывæллонгæсæй, цы ран дыууæ æндæр сывæллонгæисмæ  иумæ  зылдысты  фондз æнахъоммæ.  Л.Л.  интенсивонæй  физикъонæй æфхæрдта   2  аздзыд сывæллоны, кæцыйы æвдисæг видео-æрмæг  сывæллонгæстæ  -Ш.Д. æмæ  И.Б. барадхъахъхъæнджытæм æнæаргъæвгæйæ   бадæттой.  Пъæлицæйы  оперативон  реагиркæныны  фæстиуæгæн  Л.Л.-ы   рацахстой.   Фыдракæнд йæ хъуыдыйы  дары   дыууæ  азы  æмгъуыдмæ ахстæй æфхæрд» – банысангонд у МХМ-ы  информацийы.