Дунейы масштабæй ног короновирусæй инфициргондты нымæц 100 минæй фылдæр у
Дунейы масштабæй ног короновирусæй инфициргондты нымæц 100 минæй фылдæр у

Дунейы масштабæй ног короновирусæй инфициргондты нымæц 100 минæй фылдæр у

Æнæхъæнæй, вирусæй фæмард 3406, 55 694 та фервæзт.

Вирусæй алкæмæй фылдæр адæймаг Китайы фæстæ, Хуссар Кореайы, Иран æмæ Италийы ис инфициргонд. Италийы вирусæй 148, Ираны 124 адæймаг фæмард.

Вирусы фыццаг цау рабæрæг Ватиканы, Серби æмæ Камеруны. Камеруны инфициргонд  43 аздзыд нæлгоймаг  Будапешты уыд.

Нидерландты, æхсæзæм марты, 86 аздзыд нæлгоймаг амард.

Фæстаг æрбадæттæгтæм гæсгæ, дунейы 90 фылдæр бæстæйы ис вирус.