Дунейы базарыл уæргъты транспортаци августы дыккаг æрдæгæй сыххæст кæндзæн гуырдзиаг компани
Дунейы базарыл уæргъты транспортаци, августы дыккаг æрдæгæй сыххæст кæндзæн гуырдзиаг компани «Камекс Эарлайн».
Гуырдзыстоны экономикæйы министрады информацийæ, ног компанийы фæзынд, америкаг финансон корпораци «Gazelle Finance»-имæ æмгуыстады фæстиуæг у. Æмтгæй раййсгæйæ компани цыппар бортæй архайдзæн.
Абон сæ иу «Boeing737-800 BCF» гуырдзиаг-америкаг фарсы минæвæрттæ Тбилисы æхсæнадæмон эропорты сæхæдæг сбæрæг кодтой, сæ нымæцы уыдысты экономикæйы министр Леван Давиташвили æмæ Гуырдзыстоны АИШ-ы минæвар Келли Дегнан.
Инвестицион проекты ацы этапыл Гуырдзыстоны экономикæмæ баиу ис 100 млн ларийы бæрц актив, æрмæст ног куыстбынæтты нымæц та аххæссдзæн 150 æ.
«Компани «Камекс» нырид 20 аз у, авиацион уæргъты транспортацийы кæй архайы æмæ фæстаг периоды ахицæн кодта, цæмæй бацахуыр кодтаит фадат сæрмагонд транспортон тæдтæхджыты эксплуатацийы фæдыл. Фыццаг борт Тбилисмæ æрхæццæ æмæ æввахс периоды райдайдзыстæм кусын. Фылдæр кусдзыстæм транзитон уæргътыл, Ази, Европæ, Америкæйы æрдæмадтæй æмæ цæй зæгъын æй хъæуы лæггад кæндзыстæм гуырдзиаг фæлхасгæнджытæн дæр. Уыцы актив кæцы абон бамхас ис Гуырдзыстоны экономикæмæ – 100 милуан ларийы бæрц, цыппархатты сырæздзæн тынг тагъд» – райхъусын кодта «Камекс Эарлайны» инвестицион проекты къухдариуæггæнæг Гиорги Сетуридзе.
Уыимæ, Гуырдзыстоны АИШ-ы минæвар Келли Дегнан куыд банысан кодта афтæмæй зæгъгæ, уый у проект кæцы тынг дзæбæх æвдисы Гуырдзыстоны æмæ Америкæйы æмгуыстад экономикон æрдгæй.
«Ам æвæрд инвестици ахъаз уыдзæн бæстæйы экономикуæйы райрæзтæн æмæ уымæн, цæмæй Гуырдзыстон бацахса йæ роль куыд транзитон хаб Европæ æмæ Азийы æхсæн. Уый ынсан кæны, цæмæй Гуырдзыстонæн йæ бон уыдзæн фылдæр продукци ласын Европæмæ æмæ йæ арæнтæй дарддæр. Фæнысангонд инвестици нывæрдта америкаг компани «Gazelle Finance», кæцы райста кредит Америкæйы инвестициты корпорацийæ æмæ 40 æндæр æмæ æндæр компанийæн баххуыс уыдзæн инвестицитæй. Кæддæриддæр райгонд стæм æмкуыст кæнæм Гуырдзыстонимæ ахæм æрдæмадтæй кæцы йæ хъуыдыйы длары базарады райрæзт, ног куыстбынæттæ æмæ Гуырдзыстонæн æххуыс, цææмй уый бауа Европæ æмæ Азийы æхсæн хабæй» – райхъусын кодта Келли Дегнан.
Экономикæйы министр Леван Давиташвилийы фидиуæнæй, зæгъгæ фидæнмæ план кæны Кутаис суа дыккаг уæлæмхас хаб уæргъты ласыны æрдгæй.