Дунейы антидопингы агентад, Уæрæсейæн сеппæтæй нысаниуæгджын спортивон мадзæлтты хайад райсын цыппар азæй фæивар кодта
Дунейы антидопингы агентад (WADA) аскуыддзаг кодта, цæмæй Уæрæсейы Федерацийы минæвæрттæн, сеппæтæй нысаниуæгджын спортивон мадзæлтты хайад райсыны бар фæивар кæна цыппар азæй. Уымæй бæрæг у, цæмæй Уæрæсейы тырыса, нæ фæйлаудзæн Токиойы 2020 азы Олимпиадæйыл æмæ футболы 2022 азы дунейы Чемпионатыл, кæцы Къатары ацæудзæн.
Уæрæсейаг спортсментæн, кæцытæ сбæлвырд кæндзысты, цæмæй резонансон допинг-скандалы хайад нæ истой, сæ бон уыдзæн ерысмæ рахизын, фæлæ «Нейтралон» тырысайæ.
Фæнысангонд уынаффæ Дунейы антидопингы организацийы рабадтыл абон æмхъæлæсонæй рахастой.