Фæсарæн хъуыддæгты министрад   Уæрæсейы  Федерацийæ домы,   Гуырдзыстоны  суверенитет æмæ  территорион æнæхъæндзинады ныхмæ  æнæзакъонон архæйдтæ бауромын
Фæсарæн хъуыддæгты министрад Уæрæсейы Федерацийæ домы, Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинады ныхмæ æнæзакъонон архæйдтæ бауромын

Гуырдзыстоны  фæсарæн хъуыддæгты  министрад  Атъоцы  хъæуы цур  оккупацион  режим  оккупацион хаххы  аразæй  барьертæй фæфидар  кæныны  куыст кæй  райдыдта  уый фауы.  Уый  фæдыл  фæсарæн хъуыддæгты  министрады  фидиуæны  у банысангонд.

«Фæсарæн хъуыддæгты министрад  фауы  Цхинвалы   Уæрæсейы оккупацион режимы радон  æнæзакъонон   уынаффæ æмæ  куыстытæ  райдаын  Карелы  муниципалитеты  хъæу Атъоцы  цур   иу километр  дæргъы  фадыгыл   оккупацион   хаххы  аразæгæйæ барьертæй  фæфидар кæнынмæ гæсгæ» – дзырдæуы  министрады  фидиуæны.

Уагдоны куыд æмбарын кæнынц афтæмæй,   ахæм къахдзæфтæй  Уæрæсейы Федераци  тызмæг   халы  æхсæнадæмон  барады  фундаментон   нормæтæ  æмæ принциптæ  æмæ  йæ бын къахы  æгъдæуттыл  бындурæвæрд  æхсæнадæмон системæйæн.

«Уæрæсейы  оккупацион   режимы ацы æнæзакъонон   архайдæн йæ нысан у, бынатыл уавæры  фæстæдæр дестабилизаци, конфликтæй  зианбавзарæг  цæрджыты  сæрибар змæлд арæн скæнын æмæ фæстæдæр  изоляци  Гуырдзыстоны иннæ  хайæ. Оккупацион хаххыл  аразгæйæ  барьерты  айтындзыны  æнæзакъонон   процессы адарддæр кæнын  ноджы  фылдæр  фæзындæр кæндзæн   бынæттон  цæрджыты   æнæуый дæр  уæззау  гуманитарон  уавæр» –  банысангонд у  фидиуæны.

Фæсарæн хъуыддæгты министрад  сиды Уæрæсейы  Федерацимæ, баурома  Гуырдзыстоны  суверенитет æмæ  территорион æнæхъæндзинады ныхмæ  æнæзакъонон архæйдтæ, сæххæст кæна æхсæнадæмон  хæстæ  æмæ  акæна йæ æфсæддон   иугæндтæ  Гуырдзыстоны территорийæ.

Уыйимæ иумæ   фæсарæн хъуыддæгты министрад сиды æхсæнадæмон æмгарадмæ,   æмбæлон аргъ скæна  Уæрæсейы  провокацион   къахдзæфтæн  æмæ   архайадон мадзæлттæ  райса  Уæрæсейы  æрдгæй   Гуырдзыстоны скæнæг Абхаз æмæ  Цхинвалы регшионты  æнæзакъонон  оккупацийы æмæ фактон анексийы  процессы  ныхмæ.

«Фæнысангондмæ гæсгæ гуырдзиаг  фарс  æнæаргъæвгæйæ  фæактивон кодта  тæвд  хахх,  хъуыддаджы  тыххæй  фехъусын кæна  Евроцæдисы  цæстдарæг  миссийæн æмæ Женевæйы  æхсæнадæмон  бадзырдты  æмсæрдæрттæн  Евроцæдисы, ИНО-йы æмæ  ЕÆÆО-йæ» – хъусын кæнынц  уагдоны æмæ нысан кæнынц, ома  фæсарæн хъуыддæгты министрад Уæрæсейы  æрдгæй  оккупацион   хаххыд  аразгæйæ   барьерты  айтындзыны æнæзакъонон  процессы  дарддæр  кæныны фарста,  алы  æмбæлон дыууæфарсон æмæ   бирæфарсон  æхсæнадæмон  форматты  бавдисдзæн.

Гуырдзыстоны  паддзахадон æдасдзинады куысты  информацийæ,   АТъоцы хъæуы  алфæмбылай территорийыл  æнæзакъонон   бордеризацийы  процесс  цæуы зæгъгæ.