Дунейы 2018 азы миллиардерты нымæц фæдывæр ис

Дунейы  2018 азы   миллиардерты  нымæц  фæдывæр  ис.  Oxfam-ы  бæрæггæнæнтæй,   ныр планетæйыл   2208  миллиардер ис.

Ацы иртасæнмæ гæсгæйæ,   сæ мулкъы  аргъ, æмтгæй райсгæйæ,  2018 азы  12%-æй  фæфылдæр ис.  Уый та нысан кæны цæмæй  ивгъуыд азы миллаирдертæ  æрвылбойнонæй  2,5  миллиард долларæй  бонджындæр кодтой.

Oxfam-ы бæрæггæнæнтæй,  ивгъуыд азы  бонджынты æмæ  мæгуыртæ æхсæн хъауджыдæрдзнад   райрæзтис.  Сæрмагондæй та, Зæххыцъарыл  цæрæг  3,8 милуан  иттæг мæгуыр  адæймиагы мулкъ50%-æй  фæкъаддæр ис.

Иртасæнмæ гæсгæйæ,   ныр  3,8 миллиард  иттæг мæгуыр  адæймагы  мулкъы ййас  ресурсыты хицау  сты  Зæххыцъары  25  сеппæтæй  бонджын  адæймаг.

Хыгъдлæвæрды  авторты дзырдæй,   бирæ  бонджын бæстæйы  фæстаг азты мидæг фидтонтæ  фæкъаддæр сты, æрмæст  рæзгæ  бæстæты   бонджынтæн  фидтонтæ не  сфидар кæнынц.  Oxfam-ы хъусинагæй,   афтæдæр ивгъуыд азы   нысаниуæгджынæй  фæкъаддæр ис  ставд корпорацитæн уагæвæрд  фидтонтæ, æрмæст  ахуырады  æмæ æнæнизхъахъъхæды  хардзтæ,   мæгуыр æмбæстæгтæн  райрæзтысты.

Дæнцæн Бразилийы, цæрджыты сеппæтæй  мæгуыр  10%  фылдæр фидтонтæ  фидынц,  сеппæтæй   бонджынты 10%-ы  æхсæн чи сты удонимæ абаргæйæ.

Хыгъдлæвæрды авторты  дзырдæй,   бонджын адæймæгтæн  фидтонты  0,5%-æй  райрæзын кæныны цауы,   фæстауæрц  суммæтæй гæнæн бауыдзæн  252 милуан сывæллогны  ахуырады  хардзты бамбæрзын, æмæ  3,3  милуан адæймагы  цард фервæзын кæнын.