Украинæмæ хъуамæ уа Евроцæдисы ныфс – уый фæдыл Европаг Советы президент Дональд Тускъ Украинæйы президент Владимир Зеленскиимæ фембæлды фæстæ райхъусын кодта.
«Бар мын ратту сфæлхатт кæнын, февралы Радайы цы загътон уый – Æнæ Хæдбар Украинæйæ, нæй гæнæн уа рæстаг Европæ. Нæ уыдзæн æдас Европæ, кæд æмæ нæ уыдзæн æдас Украина. Растæй куызæгъæм уæд Европæ æнæ Украинæ нæ уыдзæн, цытджын президент. Украинайæн йæ бон у уа йын Евроцæдисы ныфс. Мах стæм æмæ баззайдзыстæм сымахæн сеппæтæй хуыздæр хæлар æмæ æууæнкаг æмцæдисон»- баздæхт Дональд Тускх Зеленскимæ.
Европаг Советы президенты дзырдæй, зæгъгæ уыцы факт ома Украинайы ног президент йæ фыццаг фæсарæйнаг визитæй Евроцæдис æмæ НАТО-йы штаб-хæдзæрттæм фæуазæг ис, ахсджиаг сигнал у. Дональд Тускъ банысан кодта, цæмæй Евроцæдис кæддæриддæр цæттæ уыдзæн, баххуыс кæна Украинайæн демократи æмæ закъоны сæйрагдзинад фæфидар кæныны, коррупцийы ныхмæ тохы, экономикæйы стабилизацийы æмæ энергетикæйы секторы реформæты ауадзыны хъуыддаджы.
«Фидар æмæ демокративон Украина æмбæлон у Евроцæдисы интерестæм»- райхъусын кодта Европаг Советы президент.
Дональд Тускъы дзырдæй, Евроцæдис бæлвырд кæны Украинæйы суверенитет æмæ демокративон æнæхъæндзинадæн æнцой дарынад. Уый афтæдæр æрсидтис Уæрæсемæ, ахст украинæгты, сæ нымæцы 24 наудзогы ссæрибар кæнынмæ.