Дональд Туск хъусын кæны, цæмæй Евроцæдисы бæстæтæ, Брекситы 31 январмæ æмгъуыд ахæцыныл æрныхас кодтой
Евроцæдисы бæстæтæ Брекситы 31 январмæ ахæцыныл æрныхас кодтой. Уый фæдыл абон Европаг Советы президент, Дональд Туск социалон хызаг «Твиттеры» ныффыста.
Брекситы æмгъуыд ахæцыны фарстайыл абон тæрхон кодтой Брюсселы евроцæдисы минæвæрттæ. Дональд Туск куыд райхæлдта афтæмæй, Брекситæн æмгъуыд «тасгæ « у кæцы уый нысан кæны, цæмæй Стыр Британийæн йæ бон у евроцæдис 2020 азы 31 январы онг ныууадза, кæд парламент Брекситы бадзырд, кæронмæ сбæлвырд кæндзæн уæд.
Бакой уын кæндзыстæм, Стыр Британи æмæ евроцæдис, Брекситы аууæлттыл разыдзинадмæ, 17 октябры æрцыдысты, цæй фæстæ дæр лордты палатæ документæн йæ фарс рагагъоммæ рахæцыд, фæлæ фæстæдæр бадзырд фæцырддæр кæнынæн, кастыл нæзагъд ракодта. Уый фæсты Борис Джонсон парламенты Брекситы бадзырды кæсын фæурæдта.
Абон Стыр Британийы лордты палатæ, афтæдæр хъуамæ сыппара хал премьер-министр Борис Джонсоны инициативæйæн 12 декабры æмгъуыдагъоммæ парламентон æвзæрстытæ снысан кæныны фæдыл.