Дональд Трамп – Уæрæсе æмæ Украинæйæн мæм ис фидиуæн, кæрон скæнут ацы æнæзонд хæстæн
Дональд Трамп – Уæрæсе æмæ Украинæйæн мæм ис фидиуæн, кæрон скæнут ацы æнæзонд хæстæн

АИШ-ы президент Дональд Трамп сиды, цæмæй Уæрæсе æмæ Украинæ хъуамæ «сæ æнæзонд хæст фæуромой».

Расидæн Трамп Урс Хæдзары уый фæстæ сарæзта, Украинæйы АИШ-ы минæварад АИШ-ы æмбæстæгты куы фæдзæхста Уæрæсейы æрдыгæй æнхъæлмæкæсинаг уæлдæфон æхсты тыххæй.

Минæварады расидæны фæстæ, журналист Дональд Трампы бафарста, цахæм уыдзæн йæ фидиуæн Путинæн, кæцыйæн АИШ-ы президент дзуапп радта, цæмæй йæм ис иу фидиуæн дыууæ фарсæн дæр – хæст фæурæд.

«Мæнæн ис фидиуæн дыууæ фарсæн дæр – фæуæд ацы хæст. Къуыри фесафæм 5000 æфсæддоны, уырыссаг æмæ украинаг æфсæддонтæ, æндæр адæймæгтæ дæр. Фæуæд ацы æнæзонд хæст, уый у мæ фидиуæн дыууæ фарсæн дæр» – райхъусын кодта Трамп.