Дональд Трамп - спецслужбæ æмæ барадхъахъхъæнджытæ стыр куыст бакодтой, тагъд æмæ хъæбатырæй архайдтой, æрцахстой æхсæджы
АИШ-ы президент Дональд Трамп æхсты фæстæ аххосджыны къам социалон хызы рапарахат кодта æмæ фехъусын кодта, цæмæй специалон службæ æмæ барадхъахъхъæнджытæ тагъд æмæ профессионалонæй сархайдтой.
Дональд Трамп фæстæдæр куыд загъта, афтæмæй хъуыды кæны æрвылазон мадзал 30 бонмæ аргъæвын, кæд æмæ медийы хъусынгæнинæгтæм гæсгæ, æхсæгæн банкетон залмæ бабырсын кæй бантыст, уый æвзæрын кæны фарстытæ мадзалы æдасдзинады фæдыл, кæцыйы æрвылаз дæр хайад исынц хицауады бæрзонд рангы кусджытæ.
АИШ-ы Урс Хæдзары уацхæсджыты ассоциацийы райстыл æрцыд æхст, кæцыйы уыд Дональд Трамп.