Дональд Трамп сиды, цæмæй АИШ райдайдзæн æхгæнын æппæт наутæ, кæцытæ хъавынц Ормузы денджызы былмæ бацæуын кæнæ рацæуын
АИШ-ы президент Дональд Трамп расидтис, цæмæй АИШ райдайдзæн блокадæ æппæт наутæн, кæцытæ Ормузы донкъубалмæ бацæуынц æмæ рацæудзысты.
Трамп банысан кодта, зæгъгæ, Пакистаны бадзырдтæ «тынг хорз цыдысты æмæ фылдæр фарстатыл бадзырдтой».
АИШ-ы президент куыд бамбарын кодта, афтæмæй æппæты ахсджиагдæр фарстайы фæдыл, ядерон программæйы фæдыл бадзырдмæ æрцæуæн нæ уыд.
Дональд Трампы ныхасмæ гæсгæ, уый бахæс кодта АИШ-ы æфсæддон-денджызон флотæн, æрæхгæной алы нау, кæцытæ хъалон фидынц Иранæн æмæ скуынæг кæной минæтæ, кæцытæ Ираны æрдыгæй æвæрд ис денджызы былыл.
«Блокадæ тагъд рæстæджы райдайдзæн» – ныффыста Дональд Трамп.