Дональд Трамп - Нью-Йорк Таймс мæ хатыр уæрджытыл лæуугæйæ хъуамæ ракура
«Нью-Йорк Таймс» мæ хатыр уæрджытыл лæуугæйæ хъуамæ ракура, – уый фæдыл фидиуæн Америкæйы Иугонд Штатты президент, Дональд Трамп «Твиттеры» официалон фарсыл ахæлиу кодта.
Трамп тызмæг скритикæ кодта «Нью-Йорк Таймс»-ы экономикон сайты автор Пол Кругманы кæцы АИШ-ы президенты арæх критикæ кæны.
АИШ-ы лидеры дзырдæй, зæгъгæ «Нью-Йорк Таймс» фондон биржæтыл индексты фæасламы прогноз ратта, кæцы Трампы дзырдæй, не æрцыд æмæ экономикон уынинаг фæхуыздæр ис.
«Цымидис кæнын, кæд мæ ракуырдзысты хатыр «Нью-Йорк Таймс» дыккæгæм хатт, афтæ куыд уый 2016 азы æвзæрстыты фæстæ сарызтой. Фæлæ ныр сæ архайд фылдæр хъуамæ уа. Сæ уæрджытыл лæууæгæйæ мын хъуамæ балæгъстæ кæной æмæ хатыр ракурой. Уыдон æцæгдæр сты паддзахады знæгтæ». – фыссы Трамп.
Трампы ныхæстæм гæсгæ, «Кругман æмæ «Нью-Йорк Таймс» мæнг æмæ æнæраст информацийы ахæлиуы тыххæй, æууæнк фесæфтой».
«Раздæры рæстæджы» кæд президент уыдтæ æмæ дæм уыд хорз экономикæ, уæд дæм иммунитет уыдис æмæ дæм критикæ нæ хаудис. Ныр та, куыд президентмæ афтæ, мæм ис сегасæй хуыздæр экономикæ историйы, фæлæ акæнæг медиафæрæзтæн ай æппын ницы нысан кæны. Уый æнæмæнгæй æрцæудзæн ивд», – фыссы Трамп.