Дональд Трамп хъусын кæны, цæмæй Джо Байдены ныхмæ цæуы  фæфæлдæхты процесс
Дональд Трамп хъусын кæны, цæмæй Джо Байдены ныхмæ цæуы фæфæлдæхты процесс

Дональд Трамп  æмæ Джеймс  Девид Венс   хъуыды кæнынц, цæмæй  бæстæйы  архайæг  президент Джо Байдены  ныхмæ  фæфæлдæхты  процесс  цæуы.

«Фокс Ньюсимæ»  иумæйаг интервьюйы  рæстæджы,  АИШ-ы   президенттæм кандидат, Дональд Трамп  журналситы фарстыл   зæгъгæ у æви нæ   Джо Байдены  ныхмæ  фæфæлдæхт, Трамп   сзуапп кодта, зæгъгæ – «О, иунысанонæй».

Йæхи æрдгæй вице-президенттæм кандидат дæр сразы ис, цæмæй  ныр зæгъгæ цæуы фæфæлдæхты процесс.

«Мæ хъуыдымæ гæсгæ  афтæ у,   ис конституцион процесс, 25-æм бараст.  Кæд Джо Байден   президентон æвзæрстыты  хайад нæ исдзæн, уый нæ удызæн президенты постыл æмæ сæ кæд йæ  раппарын фæнды, уымæн æмæ   психиконæй  амалхъом цух у йæ  хæстæ  сыххæст кæнынæн,  кæд спайда кæндзынæ  25-æм барастæй.  Нæу  уæ бон   уый  саразын демократтæн политиконæй  сегасдæр пайдаджын  фæндагæй. Кæд уый реалон проблемæ у, уæд æмбæлæгйæ хъуамæ  сагъæс кæной  ууыл», –  райхъусын кодта Джеймс Девид Венс.