Дональд Трамп цæттæ у, Ираны лидерыл фембæла
АИШ-ы президент Дональд Трамп цæттæ у Ираны лидер Хасан Роуханийыл фембæла, кæд æмæ хъæугæ тыгъдад разындзæн. Уый фæдыл Урс хæдзары лидер «стыр авды саммиты» фæстæ Францы президентимæ иумæйаг пресс-конференцийыл расидтис.
Трампы дзырдæй, зæгъгæ уый фæнды, цæмæй уына фидар Иран.
«Мæн фæнды цæмæй Иран уа хорз, тыхджын уа, ницæмæн нæ хъæуы режимы фæивын. Фæстаг 20 азы дæргъы, алчи уыдтам, цæмæй фæуд кæны режимты ивд», – райхъусын кодта Трамп.
Урс Хæдзары лидеры дзырдæй, зæгъгæ уый дис нæ кодта куы базыдта, цæмæй Стыр Авды саммитмæ Франц фæхуыдта, Ираны фæсарæн хъуыддæгты министр Мохамед Джавад Зарифийы. Фæлæ Трампы фидиуæнæй, уымæн Зарифийимæ фембæлд фæндгæ нæ уыд.