Дональд Трамп æмæ Владимир Путины æхсæн комкоммæ фембæлд цæуы Китайы, Трамп, Путины хæлар схуыдта æмæ расидтис: «махæн бирæ азты дæргъы иттæг хорз амахастытæ ис»
АИШ-ы президент Дональд Трамп æмæ Уæрæсейы президент Владимир Путины æхсæн комкоммæ фембæлд цæуы , Ази-Сабыр фурды экономикон æмгуыстады саммиты фæлгæтты.
Фембæлдмæ бацæугæйæ, Дональд Трамп, Путины æй хæларæй схуыдта.
“Чи у уый? Уый, мæ хæлар у” – расидтис Трамп.
“Махæн ис стыр æнхъæлмæкаст ацы фембæлдæй. Бирæ азты дæргъы нæм уыд иттæг хорз æмахастытæ. Кæрæдзийы рагæй зонæм, æмæ хъуыды кæнын уырны, бирæ хорз хъуыддæгтæ кæй рауайдзæн — кæнæ, æппынкъаддæр, райдайдзæн. Мæнмæ гæсгæ, исты рауайдзæн. Куыд зонут, афтæмæй нын фæстæдæр уыдзæн æндæр фембæлд. Фæлæ ацы фембæлд ныр уадзæм, æмæ уыдзæн иттæг хорз фембæлд ” — расидтис Дональд Трамп фембæлд райдайыны размæ.
Дональд Трамп æмæ Владимир Путины фембæлд æхгæд дуæртты фæстæ цæуы. Владимир Путин фембæлды райдианмæ ницы расидæнтæ сарæзта.
Уымæй уæлдай ма, саммиты рæстæджы нысангонд у иумæйаг фембæлд Си Цзиньпин, Дональд Трамп æмæ Владимир Путины хайадистæй. Уый размæ Китайы президент хицæнæй фембæлдзæн АИШ æмæ Уæрæсейы лидертимæ.