Дохтыры информацийæ, Вакейы паркы зианбавзарæг иуæй-иу æнахъом улæфæн аппаратыл у иугонд, йæ цæрынæн хъæугæ функцитæ нормæйы фæлгæтты сты
Дохтыры информацийæ, Вакейы паркы зианбавзарæг сывæллоны фæхæццæ кодтой «Нью Хоспиталмæ» æмæ улæфæн апаратыл у иугонд.
«Нью Хоспиталы» дохтыр куыд загхта афтæмæй, пациент интенсивон терапийы хайады ис.
«Ацы минутмæ цæрынæн хъæугæ функцитæ нормæйы фæлгæтты сты. Цæуы æндæр æмæ æндæр типы басгæрст æмæ ныфс дарæм, алцыппæт уыдзæн дзæбæх. Фæлæ ис бæрæг типы зындзинæдтæ, кæцыты зонæм æмæ цæттæ стæм. Сывæллон у рæуджыты аразгæ фентиллæцийыл. Уыдис электротравмæ, шок,, баластой йæ Хечинашвилийы клиникæмæ, фæлæ æрцыд интубаци æмæ йæ стæй æрбаластой нæхимæ.
Сывæллон ис сабион интенсивон терапийы хайады рæуджыты вентилляцийыд. Æнхъæлмæ кæсинаг фæкарз гæнæн ис æрцæуа 72 сахаты» – загхта дохтыр.
Уæвæг информацийæ, Вакейы паркы хъазты рæстæджы сывæллæттæн пурти ныххауд фонтаны, куы йæ истой уырдгæй уæд, æртæ æнахъомы ныццавдта ток. Сæ дыууæ Хечинашвилийы клиникæмæ æртыккагы та Иашвилийы клиникæмæ фæхæццæ кодтой. Иу æнахъом клиникæйы æрбамард.
Мидхъуыддæгты мынистрад æрцæугæйыл фæдагуырд райдыдта тугтæрхоны барады кодексы 240-æм прима статийы фыццаг пунктæй, кæцы электро кæнæ хъармэнергийы, газы, нефты кæнæ нефтпродукты объектыл æдасдзинады фæдыл фæтксаст дары йæ хъуыдыйы.