Днестргæроны хæдрасидт хицауад цæттæ кæны «депутатты æмбырд» кæцы рæстæджы дæр гæнæн ис Путинмæ, Уæрæсейы скондмæ райсты куырдиатæй баздæхой
Днестргæрон хæдрасидт хицауад 28 февралы «Депутатты æмбырд» цæттæ кæны, кæцы рæстæджы гæнæн ис Владимир Путинмæ инициативæйæ баздæхой. Сидты текст нырма бæрæг нæу.
Молдоваг медиайы информациæ, 28 февралы план кæны Днестргæрон а.х парламенты, афтæма районон, горæты æмæ хъæуты советты æмбырд. Днестргæройнаг оппозиционер активист, Геннадий Чорба фейсбукы ныффыста, цæмæй æмбырдыл днестргæройнаг депутаттæ баздæхдзысты Путинмæ æмæ йæ ракурдзысты Уæрæсейы скондмæ райсын.
Банысан кæнинаг у, цæмæй 29 февралы Уæрæсейы президент Владимир Путин Федерацийы Советы раз дзырдæй ралæудзæн. Молдоваг медиа фыссы, цæмæй Днестргæроны лидер, Вадим Красносельски фæхуыдта алы æмвæзы депутатты æмбырд, цæмæй æркастаиккой «Молдовæйы æрдгæй уæлæндæвд, кæцы халы барты æмæ фыддæрдæр кæны днестргæройнæгты социалон-экономикон уавæр».
Днестгæроны плангонд мадзалмæ гæсгæ фæныхас кодта Украинайы президент Володимир Зеленски дæр æмæ банысан кодта, цæмæй æнæнымад Днестгæрон иннæ къуырийы Уæрæсейы Федерацийы уæнгсуæвын æнхъæлцау не ркурдзæнис. Зеленскийы дзырдæй, Украинайы нæ райстой ницы æркуырд Молдовæйæ потенцион æфсæддон æххусы фæдыл.