Дмитро Кулеба – НАТО-ы æмцæдисонтæ æрцыдысты консенссусмæ  Украинайы альянсы  уæнгдзинады фæндагыл МАР-ы аивыны фæдыл
Дмитро Кулеба – НАТО-ы æмцæдисонтæ æрцыдысты консенссусмæ Украинайы альянсы уæнгдзинады фæндагыл МАР-ы аивыны фæдыл

Украинайы  фæсарæн хъуыддæгты министр Дмитро Кулебайы  фидиуæнæй, зæгъгæ НАТО-йы уæнг бæстæтæ  дискусситы фæстиуæгæн æрдзырдтой, Украинайы цауы, уæнгдзинады архайадон планы (МАР)-ы  алæвæрды этап  аивыны фæдыл.

«Интенсивон уынаффæты  фæстиуæгæн, НАТО-ы æмцæдисонтæ  æрцыдысты  консенссусмæ, альянсмæ Украинайы райсыны фæндагыл  уæнгдзинады  архайадон план  аивыны фæдыл» –  фыссы Кулеба  «Твиттеры».

Министр куыд æмбарын кæны афтæмæй,  ацы уынаффæ  Украинайæн фæцыбырдæр кæндзæн йæ фæндаг НАТО-мæ.  «Ерын дзæбæх момент  у  уый тыххæй,  цæмæй  раргом кæнæм   альыянсмæ Украинайы хуынды фæдыл  информаци», – райхъусын кодта Дмитро Кулеба.

Цъус рæстæг размæ  вице-премьер  Ольга Степанишина  райхуъсын кодта,ц æмæй  Украинайы  альянсмæ  ацытæккæ  райсынимæ, НАТО-ы  хуырскæсæн флангы   алы  уæнг  æмæ   ныгуылæны  цалдæр уæнгбæстæ  сты разы.