Дмитрий Песков – тактикон атомон хæцæнгарзæй ахуыртæ баст сты Марконы фидиуæнтимæ, афтæма Британийы æмæ АИШ0ы минæвæртты фæндимæ, арвитой æфсæддæтты Украинамæ
Тмктикон атомон хæцæнгарзæй плангонд ахуыр баст у Францы президенты президент Эмануэл Макроны фидиуæнтимæ, афтæма Британийы æмæ АИШ-ы минæвæртты фæндимæ, арвитой æфсæддæтты Украинамæ – уый фæдыл Уæрæсейы президенты пресснымæдар Дмитрий Письков райхъусын кодта.
«Кæд мæ фæрсут ныгуылæны кæцы минæвæртты цавæр фидиуæнтыл дзырдæуы, уæд уын зæгъдзынæн, цæмæй ныхас цæуы Жмануэл Макроны æмæ Британийы минæвæртты фидиуæнтыл. Уыдонмæ ма бафтыд АИШ-ы Сенаты минæвæрттæ,к æцытæ кæд нæ рæдийын, дзырдтой цæттæдзинадыл æмæ гарджын контингенты Украинамæ арвитыны фæндыл дæр» – банысан кодта Песков.
Украинамæ æвсæддæтты арвитыны тыххæй ныхасы рæстæджы Песков дзуры: «Уый у тынгады эскалацийы бынтон ног этап, прецедент цæмæн нæ ахæм æмæ кæй зæгъын æй хъæуы домы сæрмагонд хъусдард æмæ мадзæлттæ».