Сау денджыз никуы бауыдзæн НАТО-ы денджызæй, – уый фæдыл Уæрæсейы президенты спикер Дмитрий Песков райхъусын кодта. Фæнысангондæй Песков Украинайы фæсарæн хъуыддæгты министр Дмитро Кулебайы фидиуæнæн ратта дзуапп.
«Уый у иумæйаг денджыз алы донбылы паддзахадæн, кæцы хъуамæ æмкуыст кæна уый нымæцы æдасдзинадæн дæр», – райхъусын кодта Дмитри Песков.
Бæрæгдзырдæн, Украинайы фæсарæн хъуыддæгты министр, Дмитро Кулеба Бухаресты, Сау Денджызы æдасдзинады конференцийыл райхъусын кодта: «Мах хæъуы æппæтылæххæссæг æдасдзинады стандарт Сау денджызы регионы бæстæтæн. Сау Денджыз хъуамæ суа, нырид иу хатт цы ссис НАТО-ы денджыз уый, кæцы ныридæгæн у Балтийы Денджыз».