Дмитрий Медведев та хъусын кæны, цæмæй Хъырыммæ бырсты цауы, Украинæгты æрыййафдзæн «азары бон».
Уæрæсейы æдасдзинады советы къухдариуæггæнæджы хæдивæг Дмитри Медведевы фидиуæнæй, Хъырыммæ бырсты цауы украинæгтæм æнхъæлмæ кæсы азары бон.
Уырыссаг медийы хъусинагæй, фæнысангонды фæдыл Медведев Волгограды ветерантимæ фембæлды рæстæджы райхъусын кодта.
«Хицæн эгзальтацигонд, тугджын клоунтæ, кæцытæ периодонæй разынынц цавæрдæр фидиуæнтæй æмæ архайынц, бартхъирæн нæм кæной, дзырдæппарæнтæ кæнынц Хъырыммæ бырстыл æмæ а.х. фæнысангонды фæдыл, мæ фæнды зæгъын, цæмæй бæрæг куыд у афтæмæй, уыдон æххæстæй æмбарынц ахæм фидиуæнты фæстиуджытæ. Фæстиуджытæ та бæрæг у, цæмæй кæд исты ахæм æрцæудзæн, уыдон алкæй моменталонæй æрыййафдзæн азары бон, тынг тагъд æмæ уæззау. Бамбæхсын тынг вазыгджын уыдзæн», – банысан кодта Дмитрий Медведев.