Димитри Кумсишвили - Гиорги Квирикашвили 2,8%-джын экономикон рæзынад кæмæн уыд ахæм бæстæ райста, æмæ нын æй ныууагъта 6,5%-джын рæзынадæй
Гиорги Квирикашвилийы куыстуæгъды фæдыл комментарий сарызта фыццаг вице-премьеры хæстæ æххæстгæнæг Димитри Кумсишвили, социалон хызагы.
«Фæнды мæ бузныг зæгъын Гиорги Квирикашвилийæн, адæймагæн, кæцы тынг бирæ реформæ сæххæст кодта нæ бæстæйы. 2,8%-джын экономикон рæзынад кæмæн уыд ахæм бæстæ райста, æмæ нын æй ныууагъта 6,5%-джын рæзынадæй. Уырны мæ, цæмæй уыцы позитивон процесстæ, кæцытæ нæ бæстæйы райдыдтой, æнæфæзилгæ уыдзысты» фыссы Кумсишвили.
Абон Гиорги Квирикашвили, премьер-министры пост ныууагъдта. Уый æддæмæ, премьеры куыстуæгъды тыххæй, сæ бартæ урæд æрцыдысты алы министрæн.
«Абон æрлæууыд уыцы момент, партийы сæрдармæ куы хъуамæ уа фадат, йæ къорд йæхи куынд фæнды афтæ скоплект кæна» – райхъусын кодта Гиорги Квирикашвили.