Дихгæнæг хаххы цур цæрджытæн, карантины уагы фæдыл райсом фæуынаффæ кæндзысты
Гуырдзыстоны æнæнизхъахъхъæды министр Экатерине Тъикъарадзейы фидиуæнæй, зæгъгæ алы вакцинæ, кæцы Гуырдзыстонмæ æрхæццæ уыдзæн, оккупацигонд территоритыл цæрæг æмбæстæгтæн рæувадат уыдзæн æвзаргæ принципæй.
«Оккупацигонд территоритыл цæрæг нæ æмбæстæгты тыххæй куы зæгъæм, уæд куыд æй зонут, афтæмæй, уыдонæн рæувадат скодтам вакцинацийы процесс, æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, алы вакцинæ, кæцы Гуырдзыстонмæ æрхæццæ уыдзæн, уыдонæн æвзаргæ принципæй (вакцинæ сæхæдæг сывзардзысты) уыдзæн рæувадат», – фехъусын кодта Экатерине Тъикъарадзе.
Журналисты фарстыл: «Дихгæнæг хаххы цур цæрæг æмбæстæгтæн нырма дæр нæй фадат æнæкарантинæй рахизой Гуырдзыстоны контролгонд территоримæ. План кæны æви нæ 5-бонон карантины уаг аивын?» – Тъикъарадзе дзуапп ратта, цæмæй фæнысангонд фарстмæ гæсгæ, райсом советы рабадтыл фæуынаффæ кæндзысты æмæ цы ахицæн кæндзысты, уый æхсæнадæн фехъусын кæндзысты.