"Deutsche Welle"-ы англисагæвзагон редакци Гуырдзыстоны премьер-министрæй Гиорги Гахариайы сбæлвырды фæдыл стати барæстытæ кодта
«Дойче Веллейы» англисагæвзагон редакци Гуырдзыстоны премьер-министрæй Гиорги Гахариайы сбæлвырды фæдыл стати срæстытæ кодта.
Статийы кæцыйы сæргонд у «Гуырдызстоны парламент премьер-министрæй «Мæскуыйы лæгы» сфидар кодта», бараст кодтой ома Гиорги Гахариайы «Мæскуыйы Лæгæй» ивгъуыды оппозици схуыдта зæгъгæ.
Медиафæрæз куыд банысан кодта афтæмæй, Гуырдзыстоны парламент снысан кодта бæстæйы премьер-минстры постыл даууаг фигурæ, кæцы Тбилисы протестытæ расидтис.
«Закъондæтджытæ 98 хъæлæсæй бынтон æнæныхмæлууæгæй йæ фарс рахæцыдысты раздæры мидхъуыддæгты министр, Гиорги Гахариайæн. Хъæлæскæнынадæн бойкот расидтис оппозици, кæцы ног лидеры раздæр «Мæскуыйы лæгæй» схуыдта» – дзырдæуы статийы.
Медиафæрæз банысан кодта, цæмæй Гахариа уæрæх дзыллæйы æхсæн нымад цæуы куыд июны антихицауадон протестон рацыдты тыхон методтæй ныссæндыны сæйраг къухдариуæггæнæг. Фæлæ статийы банысангонд у, цæмæй Гахариа бацархайдта апырх кæнын оппозицийы зылынгæнæнтæ, цæвитотн уымæн Мæскуыимæ ъкуындæг кодтакт ис, Гуырдзыстоны регионты, Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы Уæрæсейы æрдгæй оккупацийы фарстайыл хъусдард сцырын кæныны фæрцы. «Мах разы стæм цæмæй оккупаци у сегасæй егъау проблема, сеппæтæй стыр быцæусидт, сегасæй стыр фыдбылыз нæ бæстæйы» райхъусын кодта Гахариа.