Депортацигондты хъуыддагыл тæрхоныскуыд расидын Страсбургы Тæрхондоны [видео]
Адæймаджы барты фæдыл Европæйаг тæрхондоны уынаффæйæ, Уæрæсе хæсджы уыдзæн Гуырдзыстоны 1500 æмбæстагæн бафидан 10 милуан евро компенсаци.
Тæрхондоны уынаффæйæ, 4-æм статийы 4-æм протоколы халынмæ æмбæлгæйæ, Гуырдзыстоны алы æмбæстагæн, кæцы нымадмæ ист æрцыд куыд зианбавзарæг, хъуамæ йын бафида компенсаци 2 000 евройы бæрцæй. 5-æм статийы фыццаг параграфы халыны тыххæй, алы æмбæстагмæ æмбæлы компенсаци 10-æй 15 мин евройы онг бæрцæй.
Тæрхондоны афтæдæр ахицæн кодта, цæмæй Уæрæсе халдта конвенцийы 3-аг хай, кæцы йæ хъуыдыйы дары æнæадæймагон æмæ æгадгæнæг ахаст ахсты рæстæджы.
Тæрхондоны уынаффæйы ныхмæ рацыд æрмæстдæр тæрхонгæнæг Дмитрий Дедов, кæцы у Уæрæсейæ. Компенсациты фæбæрæг æмæ сæ Гуырдзыстоны æмбæстæгнтæн рауæрстимæ, сразы сты адæймаджы бьарты фæдыл Европæйга тæрхондоны 17 тæрхонгæнæгæй 16.
ХЪуыдытæ кæцытæ фемдзыд сты тæрхондоны уынаффæимæ, разагъдтой тæрхонгæнджытæ Украинæйæ, Азербайджан æмæ Гуырдзыстонæй: Гана Юдкисвка, Летив Гусейнов æмæ Ладо Чъантуриа.
Тæрхондоны уынаффæйымидæг банысангонд у, цæмæй уый уыдис фыццаг хъуыддаг Кипр æмæ Турчы фæстæ, тæрхондон куы ахицæн кодта, цæмæй æнæмæнгхъæугæ уыдис компенсацийы фæдыл хъуыддаг равзарын æхсæнхицауадон æмвæзадыл. Ацы уынаффæйæ тæрхондон фæбæрæг кодта æртæ критерийы уый сбæлвырд кæнынæн, цас раст уыд æвæрццаг уынаффæ æхсæнпаддзахадон даууы хъуыддаджы. Тæрхоныскуыдмæ гæсгæйæ ææ æртæ критерий зæрдыл даргæйæ, тæрхондон сбæлвырд кодта, цæмæй хъастгæнæг паддзахадмæ уыдис бар бахъаст кæнын, 41-аг статийы бындурыл æмæ уый цæмæй ацы хъуыддаджы рæстаг компенсацийы бафидын уыдзæн раст зæгъгæ.
Тæрхондон афтæдæр банымадта, цæмæй хъастгæнæг падздахад, министрты комитеты цæстдарынæй, хъуамæ сараза эффективон механизм, бавзарæг уæнгтæн фæнысангонд суммæ райуарынæн, кæцы йæ хъуыдыйы дары тæрхондоны барамындты сæххæст.