«Деолигархизацийы фæдыл» закъонопроектмæ бараст бацыд - гоймагы олигархыл, хицауады бæсты антикоррупцион бюро банымайдзæн
Гоймагы олигархыл, хицауады бæсты, антикоррупцион бюро банымайдзæн. Ахæм ивд бацыд «деолигархизацийы фæдыл» закъонопроекты, кæцыйыл юридикон фарстаты комитеты рабадтыл дыккаг хъусынæй уынаффæ кæнынц.
Венецийы Комиссийы рекомендациты бындурыл закъонопроект коррекци скодтой. Барастгонд версийæ, антикоррупцион бюройы æрдгæй гоймагы олигархыл банымады процедурæ райдайдзæн сæрмагонд инициативæйæ кæнæ хицауады уæнгы, наицоналон æдасдзинады иудадзыгархаййæг уæнгы, националон банкы, паддзахадон æдасдзинады куысты кæнæ коммуникациты комиссийы куырдиаты бындурыл.
Комитеты сæрдары, Анри Оханашвилийы фидиуæнæй, Венецийы комисси рекомендаци ратта, цæмæй гоймагы олигархыл банымады процесс, политизиргонд ма хъуамæ уа æмæ ацы процедурæйы политикæйæ максималонæй сæвдæлон кæнын хъæуы.
«Æнхъарын уын, цæмæй гоймагы олигархыл банымады æххæстбартæ Гуырдзыстоны хицауадæй антикоррупцион бюроемæ æрцæуæд лæвæрд, кæцы арызт у 12 панктджы планы фæлгæтты. Уымæ æмбæлгæйæ,а цы фарста æххæстæй деполитизацигонд уыдзæн» – райхъусын кодта Оханашвили.