Дедоплисцъхъаройы сæйраг наз басыгъдис. Уый фæдыл информаци, Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналæн сбæлвырд кодта Дедоплисцъхъаройы мэр, Николоз Джаниашвили.
«Дысон æхсæв, 00:15 сахатыл æрцыд. Арт Дедоплисцъхъаройы зынгæдисон куыст ахуыссын кодта. Бынатыл уыдысты эксперттæ дæр. Зынгсирвæзты аххосы æртæ верси ис. Фейерверктæй æрхаугæ стъæлфæнтæй, кæнæ элеткроэнергийæ, кæнæ та йыл барæй чидæр бафтыдта арт»- райхъусын кодта Дедоплисцъхъаройы мэр.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, территори цы ран наз лæууыд, мэрийы специалон куыст ныссыгъдæг кодта.