Давосы экономикон форумы ацы рекордон нымæцы политиъон лидер райсдзæн хайад
Швейцарийы сахар Давосы дунейы экономикон форуммæ цæттæ кæнынц, кæцы 23-26 январы ацæудзæн.
Форумы ацы аз рекордон нымæцы политикъон лидер, бизнесы æмæ æхсæнады минæвар æхсæнадон архайæг райсдзæн хайад. 2000 азы фæстæ фыццаг хатт, Давосмæ ныццæудзæн АИШ-ы президент. 18 азы размæ, Давосы уыд Билл Клинтон, ныр та уырдæм ныццæудзæн Дональд Трамп.
1997 азы фæстæ форумы хайад нæ иста Индийы премьер-министр æмæ ацы «традицийы» ацы аз фехалдзæн Нарендра Моди.
Развæлгъау информацийæ, Стыр авды лидертæй Давосмæ нæ ныццæудщзæн æрмæстдæр Японийы преьер-министр.
Форумыл дзырдæй ралæудзысты Канадæйы премьер-министр, Джастин Трюдо, Стыр Британийы премьер-министр Тереза Мей, Германийы канцлер Ангела Меркель, Францы президент Эммануэль Макрон æмæ Италийы премьер-министр Паоло Джентилони.
Давосмæ ныццæуын план кæнынц, монархтæ дæр, сæ нымæцы Испанийы паддзахад Филлипп VI æмæ Иорданийы паддзах Абдулла II.
Уæрæсейы делегацийæн форумыл разамонæг кæндзæн вице-премьер Аркадий Дворкович.
9 азон паузæйы фæстæ, Давосмæ ныццæудзæн Сомихыстоны делегаци премьер-министр Карен Карапетяны къухдариуæгæй.
Мадзæлтты хайад исынц Украинæйы президент Петро Порошенко, Литвæйы президент Далия Грибауйскайте, Азербайджаны президент Ильхам Алиев, Польшæйы президент Анджей Дуда, Израилы премьер-министр Биньямин Нетаньяху.
Гуырдзыстоны делегацийæн нырид æртыккаг хатт къухдариуæг кæндзæн премьер-министр Гиорги Къвирикашвили.
Форумы хайад исынц, æхсæнадæмон организациты къухдариуæггæнджытæ – ИНО-йы генералон нымæрдар Антонион Гуттиереш, Еврокамисы президент Жан-Кълод Юнкер, æхсæнадæмон валутон фонды къухдариуæггæнæг Кристин Лагард, Дунеон Банчы президент Джим Йонг Ким.
Давосы форумы æндæр æмæ æндæр мадзæлтты хайад райсдзысты бизнесмен Билл Гейтс, зарæггæнæг Элтон Джон æмæ артист Кейт Бланншет.