Давосы экономикон форумы сеппæтæй бонджындæр адæймæгты номхыгъды публикаци кæны бритайнаг verdict. Рауагъдады бæрæггæнæнтæй, ацы аз Швейцарийы курортыл æмбырд миллиардер спикерты нымæц рекордон у.
GlobalData Weath insight-ы бæрæггæнæнтæй, сеппæтæй бонджын уазджыты ранымады сæры лæууы Билл Гейтс, кæцыйы мулк ахызт 72 миллиард долларæй. Йæ фæстæ цæуынц китайаг веб-фарсы Alibaba-ы директор Джек Ма, кæцыйы мулк у 47 миллиард доллар. Æртыккаг бынатыл та ис америкаг Хедж-фонды фæткдæттæг Рей Далио -14,1 миллиард долларæй.
Бонджынты фондзы æхсæн сты интернет портал JD-ы бындурæвæрæг Ричард Лью, Bhart Enterproses-ы бардарæг Сунит Бхарт Митал.
Æхсæзæм бынат ахсы Дональд Трамп, кæцыйы мулк у 5 миллиард доллар. Уымæй цъус «мæгуырдæр» сты афтæдæр америкаг Saleforce –ы бындурæвæрæг Марк Беньоф æмæ Carlyle Group-ы къухдариуæггæнæг Девид Рубенштейн.
Фарастæм бынатыл ис Украинæйы архайæг лидер Петро Порошенко, кæцыйы мулк у 1,6 миллиард доллар.
Специалистты ныхæстæм гæсгæ, кæд æмæ ацы азы форумы спикерты мулкы æмткæйон аргъ бахыгъд кæндзыстæм, уæд сæ фæйнæмæ хаудзæн 494 милуан долларæй цъус фылдæр.
Давосы экономикон форум 26 январы онг аххæсдзæн.