Давит Залкалианийы аргълæвæрдæй Европаг Советы президенты визит, Гуырдзыстонæн Евроцæдисæй фарсхæцыны бæлвырдгæнæн у
Гуырдзыстоны вице-премьер, фæсарæн хъуыддæгты министр Давит Залкалианийы аргълæвæрдæй, Европаг Советы президенты визит сæрмагондæй нысаниуæгджын у регионы уæвæг быцæусидты фоныл æмæ уый æвдисæг у, цæмæй Евроцæдис æххуыс кæны Гуырдзыстонæн, куыд иттæг нысаниуæгджын партнерæн регионы.
«Фæнысангонд нысаниуæг исы уый фоныл, ома цалдæр къуыри размæ куы ацыд Евроцæдисы бæрзонддæр минæвары, Жосеп Борелы визит Мæскуымæ, цы ран афтæдæр уыдис дзырд регионы сырæзт уавæры фæдыл, уый нымæцы Гуырдзыстон-Уæрæсейы конфликты фæдыл дæр» – банысан кодта Залкалиани.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ визиты фæлгæтты сæрмагонд хъусдард здæхт уыдзæн растдæр уыцы ног æртхъирæнтæ æмæ быцæусидтытæм, кæцыты раз лæууынц Гуырдзыстон æмæ регион; оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритыл уæвæг уавæрмæ, адæймаджы барты халыны факттыл æмæ æндæр провокацион архæйдтæм. Залкалианийы дзырдæй, зæгъгæ визиты фæлгæтты президент Шарль Мишель афтæдæр план кæны оккупацион хаххы гæрон цæст ахæссын.
Давит Залкалиани куыд банысан кодта уымæ гæсгæйæ, зæгъгæ фембæлдтыл цæй зæгъын æй хъæуы ныхас уыдзæн бæстæйы уæвæг политикон уавæры æмæ йæ аскуыддзаг кæнын фæндæгтыл.
«Гуырдзыстоны хицауад интересджын у политикон процесстæ конструктивон фæлгæттæм, диалогы режиммæ ахæссын. Уый фæдыл æнæ иу хатт райхъусын кодтам алы æмвæзадыл æмæ диалог æмæ процесстæ конструктивонæй айтынгимæ разы сты нæ партнертæ Евроцæдисæй» – райхъусын кодта министр.